7-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бырнацты Т. Т



Дата27.06.2016
өлшемі34.36 Kb.
#161896
7-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бырнацты Т.Т.

7-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Ныхасы рæзтыл куыст

Нывæцæн Бедойты Шалвæйы ныв «Аргъау»-мæ гæсгæ (2сах.)

Урочы нысантæ:

1) пъланмæ гæсгæ баст текст аразын;

2) рацыд лексикон æмæ грамматикон æрмæгæй дзургæ æмæ фысгæ ныхасы мидæг пайда кæнын;

3)фæцалх кæнын скъоладзауты æххæст æмæ æлвæст хъуыдытæ дзурыныл;

3)монологон ныхас аразыныл бакусын.

Хъомыладон хæс:

1)рæзын кæнын скъоладзаутæн сæ эстетикон æнкъарæнтæ, дунеæмбарынад.



Урочы фæлгонц:

Бедойты Шалвæйы къам, ныв «Аргъау» æмæ нывгæнæджы иннæ нывтæ, музыка.



Урочы методикон рацарæзт:

I.Бацæттæгæнæн хай.

1.Ахуыргæнæг дзуры скъоладзаутимæ, цы нывтæ цæуынц сæ зæрдæмæ, уыдоны тыххæй.

2.Скъоладзауты базонгæ кæнын нывгæнæг Бедойты Шалвæйы цардимæ æмæ йæ нывты аивадон мадзæлттимæ.

Ахуыргæнæджы ныхас:

Бедойты Шалвæ у нырыккон номдзыд ирон нывгæнæг. Райгуырдис Хуссар Ирыстоны хъæу Монастеры. Нывгæнæг куыд дзуры, афтæмæй йæ райгуырæн зæхх ныууагъта стыр фæд йæ царды æмæ йæ сфæлдыстады. Ам абоны онг дæр ма фенæн ис рагон моладзандоны (монастырь) хæлддзæгтæ. Куыд дзурынц, афтæмæй уыцы моладзандон уыдис Бедойты мыггаджы, Шалвæйы рагфыдæлтæ та дзы уыдысты лæггадгæнджытæ.

Бедойты Шалвæйы нывтæ сты дунейы алы бæстæты музейты. Нывгæнæджы куыстыты жанртæ сты алыхуызон: фольклорон, натюрморттæ.Фæстаг рæстæг фылдæр фыссы дины темæйыл, уымæн æмæ абон сæйраг дæр у адæймаджы уырнындзинад. Нывгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, аивад хъуамæ амона адæймагæн раст фæндаг. Ныртæккæ Бедойты Шалвæ кусы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты хайады, у профессор. Æрæджы йын лæвæрд æрцыдис Уæрæсейы Аивæдты академийы Стыр Æвзист майдан.

(Ахуыргæнæг æвдисы Бедойты Шалвæйы къам, йæ нывтæ музыкæйы фоныл)



Ахуыргæнæг:

Ныв «Аргъау» у сюжетон, ома дзы ис цавæрдæр сюжет (æвдыст цæуы ныв «Аргъау»). Цæмæй нывæн æрфыст саразæм, уый тыххæй нæ хъæуы ног дзырдтæ æмæ æххуысгæнæг дзырдтыл бакусын.



II. Дзырдуатон куыст:

  • къабузджын-ветвистый

  • бæгъæввад-босой

  • сбырын-забраться

  • тонын-срывать

  • алæмæты-волшебный

  • саргъы-в седле

  • нымæтын худ-войлочная шляпа

  • æврæгътæ-облака

  • æнкъарæнтæ-чувства

  • сабидуг-детство

1)Скъоладзаутæ кæсынц дзырдтæ, æвæрынц дзы раст цавды нысантæ (иннæ урокмæ ацы дзырдтæ хъæуы сахуыр кæнын);

2) аразынц семæ дзырдбæстытæ:


  • къабузджын фæткъуы бæлас;

  • бæгъæввад лæппу;

  • сбырыд бæласмæ;

  • тоны сырх-сырхид фæткъуытæ;

  • алæмæты бæх;

  • хæссы йæ саргъы;

  • урс нымæтын худ;

  • рог æврæгътæ;

  • æнæмæт сабидуг

  • райдзаст æнкъарæнтæ

3)дзырд бæстытæй пайда кæнынц хъуыдыйæдтæ аразгæйæ:

  • Бæгъæввад лæппу сбырыдис бæласмæ. Къабузджын фæткъуы бæласыл зайы æнахуыр рæсугъд дыргътæ.

  • Гыццыл лæппу тоны сырх-сырхид фæткъуытæ.

  • Алæмæты бæх йæ саргъы хæссы фæткъуы бæлас.

  • Лæппуйыл ис урс нымæтын худ.

  • Арвыл ленк кæнынц рог æврæгътæ.

  • Ацы ныв нæм гуырын кæны райдзаст æнкъарæнтæ.

  • Адæймаджы цæстытыл ауайынц йе ‘нæмæт саби дуджы бонтæ.

III.Нывимæ кусгæйæ сфæлхат кæнын хъæуы рацыд грамматикон æрмæг: номдарты тасындзæг (дæттынон æмæ арæзтон хауæнты нысаниуæг); хуызтæ цы дзырдтæ амонынц, уыдон.
IV. Ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзаутæн пълан саразынæн.

Пълан:

1.Нывы автор. Куыд хуыйны ныв?

2. Нывы сæйраг пълан: алæмæты бæх, лæппу æмæ фæткъуы бæлас.

3.Лæппу сбырыдис бæласмæ.

4.Сабийы æрфыст.

5.Нывы фæстаг пълан.

6.Нывы ахорæнтæ.

7.Æнкъарæнтæ.


V.Скъоладзаутæ архайынц пъланмæ гæсгæ баст текст дзурыныл:

Ацы ныв у нывгæнæг Бедойты Шалвæйы ныв. Хуыйны «Аргъау». Бедойты Шалвæ у номдзыд ирон нывгæнæг. Йæ нывтæ зонынц канд Ирыстон æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ дунейы бирæ бæстæты.

Нывы сæйраг пъланы æвдыст цæуынц бæх, бæлас æмæ лæппу. Алæмæты бæх йæ саргъы хæссы стыр къабузджын фæткъуы бæлас. Бæгъæввад лæппу сбырыдис бæласмæ: уый тоны сырх-сырхид фæткъуытæ.

Сабийæн ис сау цæстытæ æмæ сырх рустæ, - раст цыма ныртæккæ æрбазгъордта уынгæй. Йæ уæлæ ис урс хæдон, тар хæлаф, йæ сæрыл – нымæтын худ.

Арвыл ленк кæнынц рог æврæгътæ.

Ныв фыст у ирд ахорæнтæй: урс, кæрдæгхуыз, сырх, фылдæр дзы ис æрвхуыз ахорæнтæ.

Ныв гуырын кæны райдзаст, рæсугъд æнкъарæнтæ. Нывмæ кæсгæйæ адæймаджы цæстытыл ауайынц йе ‘нæмæт, амондджын саби дуджы бонтæ.
VI. Скъоладзаутæ 1-аг урочы дзурынц нывмæ гæсгæ баст текст, 2-аг урочы та фыссынц нывæцæн.

Достарыңызбен бөлісу:




©dereksiz.org 2024
әкімшілігінің қараңыз

    Басты бет