Доклад темæ: Ирон ныхасы культурæ



Дата12.07.2016
өлшемі262 Kb.
#192914
түріДоклад
ДОКЛАД
Темæ: Ирон ныхасы культурæ

Ахуыргæнæг – скъоладзау


Ахуыргæнæг Цхуырбаты М.

Дзæуджыхъæу, 2008 аз

Ныхасы культурæйы хицæн фарстатæ.

Фæстаг заман мах ирон ныхасы культурæйы фарстатыл арæхæй-арæхдæр дзурын райдыдтам. Æмæ уым диссагæй ницы ис. Ныхасы культурæ у адæймагæн йæ мидкультурæ æвдисæг, йæ мадæлон æвзагмæ, йæ адæмы æнусон хæзнамæ цы зæрдæ дары, уый æвдисæг. Æппынфæстаг ныхасы культурæ æвдисы адæймаджы хъуыдыкæнинады миниуджытæ.

Ирон ныхасы культурæ æнцой кæны не ’взаджы нырыккон литературон домæнтыл. Уыдон æргомгонд цæуынц æвзаджы абоны дзырдуатон, грамматикон, мырон, интонацион æмæ æндæр фæрæзты руаджы. Уыцы домæнтæм гæсгæ аразы йæ ныхасы аивдзинад.

Ныхасгæнæг кæддæриддæр тырны цæмæй ацы хъуыды равдисынæн ацы ран кæнæ ацы уавæры хуыздæр чи уыдзæн, хуыздæр чи сфидаудзæн, ахæм мадзæлтæ ссарынмæ. Уый тыххæй æвзаджы домæнтæ зонын фаг нæу. Уыдонæй фыссæг кæнæ дзурæг хъуамæ пайда кæныл зона, арæхса.

Иу æвзагыл дзурджытæй иутæн сæ ныхас вæййы æгъуыз æмæ æдых, иннæтæн тыхджын, нуарджын, аив.

Ирон æвзаг у тынг тæссаг æмæ рæсугъд, хъæздыг æмæ цардхъом. Рагон сомихаг фыссæг Егише (цардис V æнусы) йæ зааны тæккæ нымаддæр фараст æвзагæн сæ миниуджытыл дзургæйæ алайнагæн скодта йæ «хæрзаив».

Зонгæ ахуыргонд проф. Г.О.Винокур фыста, ног культурæйы рæзтæн уæвæн нæй æнæ лингвистикон культурæ, уымæн æмæ «æвзаг у культурæйы кусæнгарз», лингвистæ та сты «æвзаджы инженертæ», зæгъгæ. «Культурон ныхас – фыста уый, - кæнд æмбаргæ æмæ дæсны ныхас нæу, фæлæ ма уый æвæрцонæй фæзыны æвзаджы рæзтыл дæр». Ирон ныхасы культурæйы бирæ фарстатæ ис, фæлæ уал мах ам уыдонæй æркæсдзыстæм æрмæст иуæй-иутæм.

Ирон æвзаджы ивддзинæдтæм йæ хъус чи дары, уыдон хорз зонынц ацы хъуыддаджы дыууæ тырнындзинады. Иуæй, - не ’взагыл тынгæй-тынгдæр зыны уырыссаг æвзаджы хъомыс æмæ уыцы хъуыддагæн æнæфæзынгæ нæй лексикæйы рæзтыл, адæмы ныхасыл. Иннæрдыгæй та – сыгъдæг литературон уагыл дзурынмæ тырнындзинад.

Уырыссаг æвзаджы хъомыс иудадзыг дæр тыхджындæр кæны æмæ уымæ гæсгæ иуæй-иуты ныхасы (мадæлон æвзаг иттæг хорз чи зоны, уыдоны ныхасы дæр) хатгай хицæн нæхъæугæ дзырдтæ февзæры, æнæхъæн дзырдбæстытæ кæнæ суанг хъуыдыйæдтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уагæн сыгъдæг литературон æвзагыл дзурджыты ныхасы хъуамæ бынат ма уа.

Хъуыддаг уымæ цæуы, æмæ хатгай нæ ахуыргæндтæ, суанг ирон æвзаджы сыгъдæгдзинадыл аудæг фысджытæй дæр иуæй-иутæ цитатæ, æнæхъæн æбзацтæ кæнæ тексты фæзгъæртæ сæ фыстыты æрхæссынц уырыссагау. Цыма уыдонæн авторы ныхæстæй зæгъæн нæ вæййы? Сæ ратæлмац ахæм зын хъуыддаг у? Стыр хъыгагæн, газеты, журналты редактортæ ацы «процессмæ сæ хъус нæ дарынц, æмæ цитатæтæ уырыссагау фыссын ссис «мода» (Арæх æмбæлæм).

«Сыгъдæг ирон ныхас» цы у, уый дæр ерысаг фарста ссис. Ацы хъуыддаджы дæр нæ адæм иу зондыл нæ хæцынц. Иуæй-иутæ хъуыддаг афтæ мбарынц цыма растдæр у рагон ирон æвзагыл, Нарты кадджыты, адæмон аргъæутты, æмбисæндты æвзагыл дзурын. Ома зæгъынц уыдон ирон æвзаг æмбисонды хъæздыг у æмæ дзы æрбайсгæ дзырдты æмæ терминты сæр æппындæр ницæмæн хъæуы, зæгъгæ, æмæ тох кæнынц æрбайсгæ дзырдты ныхмæ. Цы зæгъæн ис ахæм тырнындзинады тыххæй?

Иннæрдыгæй та ирон æвзаджы лексикæйы бирæ хъæугæ дзырдтæ рохуаты баззадысты, сæ бæсты та фæзындысты ног дзырдтæ. Ахæм уавæры алцыдæр хъуыдыйаг у. Зæгъæм, дзырд дельфин алкæмæн дæр хорз зындгонд у, фæлæ абоны бон ирон адæмæй искуы-иуæй фæстæмæ ничи зоны, йæ бæсты нæ фыдæлтæ сæмгæвæй кæй пайда кодтой, уый. Раст ахæм ахастдзинæдтæ сбирæ æндæр «зæронд» æмæ «ног» дзырдтæн, зæгъæм: алчер æмæ епископ, уырыдзы æмæ маркъоф, æмæ æнд.


Нæ ныхасы культурæ.

Фыдæй фыртмæ æвзаг уыдис адæмты кæрæдзиимæ æмбæлыны ахсджиаг фæрæз. Уымæн хъахъхъæдтой раззагдæр адæмтæ æнусты дæргъы æвзагæн йæ сыгъдæгдзинад, йæ культурæ.

Æркæсæм ма нæхи ирон æвзагмæ, нæ ныхасы культурæмæ. Ирон æвзагыл бирæ бакуыстой ахуыргæндтæ-лингвистæ куыд революцийы агъоммæ, афтæ советон дуджы дæр.

Дзæвгар зонадон – иртасæн куыстытæ бакангæйæ, уыдонæй алчи æрцыдис хатдзæгмæ, зæгъгæ, ирон æвзагæн ис, дунейы адæмты æвзæгты хсæнæй кадджын чи кæны, ахæм бæллиццаг бындуртæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй алы взагæн дæр йæ культурæйы бæрæггæнæнтæ фыццаджыдæр сты йæ орфографи (растфссынад) æмæ орфоэпи (растдзурынад). Орфографийы æмæ орфоэпийы размæ лæууы стыр æмæ вазыгджын хæс: литературон æвзаджы культурæ иудадзыг рæзын кæнын æмæ йæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ рæсугъдæй хæццæ кæнын.

Ирон ныхасы культурæйыл тох кодтой нæ фыдæлты фыдæлтæ дæр. Махмæ рагæй æрæгмæ кадджын уыдысты хсæны лæгтæ кæй хуыдтой, уыцы дзырддзæугæ адæймæгтæ. Фыццаджыдæр кадджын уыдысты сæ дзыхы ныхасы тыххæй, бæлвырддæр та сæ хъуыдытæ мадæлон æвзагыл зæгъын хорз кæй арахстысты, уый тыххæй. Сæ бæрны иу сын бакодтой цыфæнды зын хъуыддаг дæр; туджынты бафидайын кæнын, зианы уæлхъус раныхас кæнын æмæ а.д. Кæд æнахуыргонд уыдысты, абон мах нæ цардæгас литературон æвзаджы æгъдæуттæ кæй хонæм, уыдон нæ зыдтой, уæддæр арæхстджынæй, тынг дæсны пайда кодтой не ’взаджы хъæздыгдзинæдтæй.

Цард размæ цæуы. Фæлтæр ивы фæлтæры. Абон ирон литературон æвзагыл дзурынц нæ театрты, радио æмæ телеуынынады, ахуыр æй кæнынц скъолаты. Раст куы зæгъæм, уæд не ’взагæн абоны бон бирæ рæвдздæр сты йæ растфыссынады æгъдæйттæ йæ растдзурынады æгъдæуттæй.

Цард куыд æвдисы, афтæмæй ныртæккæйы рæстæджы цæмæндæр ныхасы культурæмæ фаг æргом здæхт нæ цæуы. Мадæлон æвзагыл рæсугъд дзурынмæ бирæтæ дзæбæх нæ арæхсынц, уæлдайдæр та фæсивæдæй. Арæх фехъусæн вæййы: «Ахæм ма дзы рæсугъд дзургæ уа», «Гъе, уый дын мæлгъæвзаг», «Тынг дзырдарæхст у» æмæ а.д. Стыр дисы сæ бафтауы не ’взаджы хъæздыгдзинад. Кæнд рæсугъд дзурæгмæ нæ батæхуды кæнынц, фæлæ ма мадæлон æвзагыл кæсынмæ чи фæарæхсы, уыдонмæ дæр.

Вæййы афтæ æмæ иу кæнæ иннæ адæймаг тырнын райдайы ирон æвзагыл хорз дзурынмæ. Сæ хуыр кæны ирон литературон растдзурынады æгъдæуттæ грамматикæйы фæрцы, фæлæ уæддæр йæ бæллиц нæ сæххæст вæййы, уымæн æмæ арвылбон нæ фæфæлтæры йæ теоретикон зонындзинæдтæ практикæйы фæрцы бафидар кæныныл.

Кæддæр, дам, иу чидæр афтæ загъта, зæгъгæ, дам, ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр никæй хъæуы. Тынг æнæбындур ныхас уыдис уый. Ирон æвзаджы æртхæрæны дæсны профессор Абайты Васо нæ университеты филологон факультеты студенты раз ныхас кæнгæйæ афтæ загъта: «Мæ царды фылдæр рæстæг Мæскуыйы арвыстон. Фæлæ абоны онг мæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ нæ кæнын. Истæуыл куы фæкусын, уæд ыл фыццаг фæхъуыды кæнын иронау, уый фæстæ йæ ныффыссын уырыссагау».
Аив ныхас скъолайы

Цард домы цæмæй алы адæймаг дæр дзура раст, рæсугъд, æнæкъуылымпыйæ. Уый та аразгæ у ахуыргæнæгæй, телеуынынады, газеты, радиойы кусджытæй. Цыбыр дзырдæй – нæ интеллигенцийæ. Æвзаджы культурæйыл кусын хъæуы скъоладзаутимæ суанг сæ сабийы бонтæй фæстæмæ.

Астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ цæуынц литературон æвзаджы растфыссынады пунктуацион æмæ грамматикон нормæтæ. Кæд уыд се ’ппæт ахуыргæнæн пълантæм хаст не ’рцыдысты, уæддæр ахуыргæнæг хъуамæ 1-аг къласæй фæстæмæ бæстон куса ныхасы растдзинад æмæ аивдзинадыл.

Сывæллæттæ 1-аг къласмæ куы ’рбацæуынц, уæд сæ ныхасы хъæд вæййы алыхуызон. Æмæ суанг раидианæй ахуыргæнæджы хæс у сывæллæттимæ ныхасы культурæйыл кусын. Зæгъæм, 1-æм къласы скъоладзаутæн амонын хъæуы раст дзурын мыртæ, дзырдтæ, практикон æгъдауæй зонгæ кæнын хъуыдыйæдтимæ: дзырдтæ фæрстытæм гæсгæ хицæн кæнын, æртæ-цыппар дзырдæй хъуыдыйæдтæ аразыныл, фарстæн æххæст дзуапп дæттын.

Зæгъæм: Ахуыргæнæг дæтты хъуыдыйад: Сабитæ сæхи цæттæ кæнынц бæрæгбонмæ. Фарст: Кæуыл цæуы ныхас? Дзуапп: Сабитыл.

Ахуыргæнæг хъуамæ бадома æххæст дзуапп, ома афтæ: ацы хъуыдыйады ныхас цæуы, сабитæ сæхи бæрæгбонмæ кæй цæттæ кæнынц æмæ а.д.

Иуæй-иутæ афтæ хъуыды кæнынц, цыма литературон æвзагыл дзурын æмæ фыссын æнцон хъуыддаг у. Æвзагæн йæ бон у уыцы иу хъуыды цалдæр хуызы зæгъын.

Фæлæ уыдонæй авторы хъуыды æххæстдæрæй, аивдæрæй чи равдисдзæн, уый æвзарын хъæуы.

Алы урочы дæр рахицæн хъæуы цалдæр минуты, цæмæй скъоладзаутæ кæрæдзиимæ аныхас кæной «сыгъдæг» æвзагыл, раттын сын темæтæ: «Куыд арвыстон ’знон мæ бон», «Цавæр чиныг кæсын», «Мæ мадæн куыд æххуыс кæнын» æмæ а.д. Ахæм куыст ахъаз у сколадзаутæн сæ хъуыдытæ æнцонæй æмæ аивæй дзурынæн.

Ахуырдзаутæ чингуытæ куыд кæсынц, конференцитæм куыд цæттæ кæнынц, уый базоныны тыххæй Æрæфы районы цалдæр къласы скъоладзаутæн байуæрстой анкетæтæ ахæм фæрстытимæ:



  1. Цал чиныджы бакастæ фæстаг аз?

  2. Дæ зæрдæмæ тынгдæр цавæр чингуытæ цæуынц?

  3. Чи у дæ уарзон фыссæг?

  4. Чиныг кæсгæйæ дæ зæрдæмæ арфдæр цы бахъæры?

  5. Дыккаг хатт ма чиныг искуы бакасыс?

  6. Чиныг кæсгæйæ цавæр бынæттæ фæуадзыс?

Ацы фæрстытæ ратгæйæ базыдтам, ахуырдзаутæ куыд кæсынц, стæй цавæр чингуытæ, цавæр бынæттæ фæуадзынц кæсгæ-кæсын. Куыд рабæрæг афтæмæй скъоладзаутæ фылдæр уарзынц абоны царды цаутыл кæсын, уымæн æмæ абоны цард сæхи цардмæ хæстæгдæр у.

Ахæм анкетæтæ ахуыргæнджытæн æххуыс сты сæ дарддæры куысты. Бамбарынц, ныхасы рæзтыл канд урокты нæ, фæлæ фæсурокты дæр фылдæр кусын кæй хъæуы, уый.



Гом урочы пълан

Хетæгкаты Къоста «Бирæгъ æмæ хърихъупп»

(5-æм «В» кълас)



Ахуыргæнæг

Цхуырбаты Майæ


Темæ


Урочы тип

Текст


Урочы эпигрæф
Урочы цыд

Хъомыладон куыст


Текстыл куыст
Предметы хсæн бастдзинад

Рацыд æрмæг сфæлх кæнын


Цæстуынгæ æрмæг

Дзырдуатон куыст

Уыци-уыцитæ

Хъомыладон куыст

Нывмæ гæсгæ куыст

Цæрæгатты æддебакаст

Нывмæ гæсгæ куыст
Хатдзæгтæ скæнын

Хæдзарон куыст



Литературæ 5-æм къласы

Хеттæгкаты Къоста «Бирæгъ æмæ Хърихъупп»

Комбинирон

Басня « Бирæгъ æмæ хърихъупп»

«Æвзæрæн хорздзинад бæсты нæ цæуы».

«Хорз ма ракæн æмæ фыд ма сарай».



Организацион хай.

  1. Салам раттын.

  2. Боныхъæдыл æрдзурын.

  3. Фæззæджы миниуджытæ ранымайын.

- Чи ныффыста фæззæджы тыххæй æмдзæвгæ? (Хетæгкаты Къоста)

Скъоладзаутæ æз уын дзурдзынæн афæдзы афоны миниуджытæ сымах ма сæ базонут.



  • Иууыл бæркадджындæр афæдзы афон цавæр у?

  • Иууыл хъармдæр афæдзы афон та?

  • Иууыл урсдæр, уазал дæр та?

  • Иууыл дидинæгджындæр афон та?

Уый фæстæ сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст:

Чи зæгъдзæн, цавæр хæслæвæрд уын уыд?

(сах.кæн. басняйы мидис æмæ скъуыддзаг зæрдыв)

Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Къостайы цард æмæ сфæлдыстад.



  • Чи уыд Хетæгкаты Къоста?

  • Кæм райгуырд?

  • Кæд райгуырд?

  • Чи уыдысты йæ ныййарджытæ?

  • Чи йæ схъомыл кодта?

  • Йæ мадæй кæмæн фæдзæхста йæ рынчынæй?

  • Цавæр уацмыстæ ныффыста Къоста?

  • Цæуыл тох кæны поэт йæ уацмысты руаджы?

Абон мах равзардзыстæм хицæнæй йæ уæцмыстæй «Лæскъдзæрæн»,

«Мæгуыры зарæг», «А-лол-лай», «Бирæгъ æмæ хърихъкпп».

Уый фæстæ бафæрсын скъоладзауты:


  • Цы вдисы поэт йæ уацмысты?

  • Цавæр уацмысты бындурыл сæ ныффыста?

  • Цавæр ахаст уыд поэтæн адæмон сфæлдыстадмæ?

  • Цы хонæм адæмон сфæлдыстад?

  • Цавæр уацмыстæ хауынц адæмон сфæлдыстадмæ?

  • Аргъау «Лæскъдзарæн» цæй бындурыл фыст у?

  • Цавæр аргъау у адæмон æви литературон?

  • Куыд райдайынц адæмон аргъæуттæ?

  • Куыд райдайынц литературон аргъаæуттæ та?

  • Сæ кæрæттæ та?

  • Цы ис иумæйагæй Къостайы аргъауы æмæ адæмон аргъæутты?

Ныр та байхъусæм дискыл фыст баснямæ «Бирæгъ ææ хърихъупп».


Лæмбынаг ма байхъусæм куыд аив кæсы артист уымæ (Уа зæрдæмæ фæцыд æви нæ?).

Чи ма фыста Къостайы еддæмæ баснятæ? (Крылов)

(Бакæсут ма скъуыддзаг æмæ радзурут уæхи ныхæстæй).

Кæуыл ахуыр кодта Къоста баснятæ фыссын?

(Скъоладзаутæн радзурын иу хабар).

Иухатт Крыловы куы фарстой цæмæн фыссыс æппынæдзух баснятæ, уæд сын радта мæнæ ахæм дзуапп: «Æмбисæндтæ æмбарынц сывæллæттæ дæр æм ас адæймæгтæ дæр».

4-æм къласы. Цавæр баснятæ сахуыр кодтат 4-æм къласы («Халон æмæ рувас»).

Нæ абоны темæ у «Фыдзæрдæ хорзæн аргъ кæнын нæ зоны».

Баснямæ гæсгæ нывтæ.

Поэты уацмыстæм гæсгæ равдыст.

(Скъоладзауты нывтæ уацмыстæм гæсгæ)

(Поэты уацмыстæ дискыл фыстæй)

Скæнын беседæ баснямæ гæсгæ фæрстыты руаджы:


  • Чи сты басняйы архайджытæ?

  • Цавæр æмбсонд æрцыд бырæгъыл?

  • Цæмæн ныссагъд уæны стæг йæ хурхы?

Ныр мах дæр бафæлварæм артисты бафæзмын æмæ бакæсæм ролтæм гæсгæ.

Уый фæстæ скæнын æвзаргæ каст.

(Бакæсут ма бирæгъы зындзинад цы рæнхъыты æвдыст цæуы.)

Гуымирдзинад кæм æвдисы автор?

Зыд – жадный

Кæрæф – корыстный, жадный

Тугдзых – кровожадный, хищный

Гуымиры – глупый, неуклюжий

Хорздзинад бæсты кæмæн нæ цæуы – кто добро не понимает?

Фыссæг фæсномыгъæй бирæгъы хуызы цавæр адæймагыл худы Къоста? (зыд, æнæфсисадæймæгтыл).

Бакæсут-ма хърихъуппы тыххæй кæм фыссы Къоста, уыцы рæнхъытæ бакæсут?

Цавæр миниуджытæ раиртæстат хърихъуппмæ?

(фæлмæнзæрдæ, тæригъæдгæнаг – жалостливый, хæрзгæнæг - благодетель).

Зæгъут ма Къоста цавæр адæмон æмбисæндтæ пайда кæны йæ уацмысты.

Æз райдайдзæн, сымах адæрддæр кæнут.


  • Алчи зыдгæнаджы –

  • Амонд йæ хъахъхъæнæг…

  • Барст дын уæд ацы…

  • Зæгъын скъоладзаутæн поэты алы хъуыдыйад дæр кæй сси æмбисонд йæ æмдзæвгæйы.

  • Къостайы басня цавæр хуызæй фыст у: прозæ æви æмдзæвгæй?

Ныр та сæххæст кæнæм мæнæ ахæм хæскæв.

Цы хонæм басня уымæн нын баххуыс кæндзæн мæнæ ахæм схемæ:



  • Зæгъут ма бирæгъ цавæр фæкаст?

Бирæгъ у æбузны.

Дзырд æбузны цы æвдисы бирæгъæн йæ удыхъæд æви æддебакаст (удыхъæд).

Скъоладзаутæ æз уын дзурдзынæн дзырдтæ сымах та бæрæг кæнут цы æвдисы уый, æддебакæст æви удыхъæд.

Рæсугъд, уæздан, фæлмæнзæрдæ, зыд, тæригъæдгæнаг, уæздан, хæрзæгъдау, æмсармдзаст, цырд, цъæхдзаст.

Базонут-ма:

Сырдты тугдзыхдæр у уый Цы хонæм уыци-

Гуыбыныл хæлæф уыцитæ

Мæргътæ фос фæцæгъды бирæгъ

Зыд æмæ кæрæф у бирæгъ

Æмб. адарддæр кæн.

Куыстæн йæ сæр сындз…

Æнæ фыдæбонтæй ницы ис…

Цæваг галлæн йæ сыкъа…

Зыивæг гæнагæн йæ гуыл…


Бирæгъ ацы басняйы у фыдгæнæг.

Дзырд Фыд у бирæнысанон дзырд, базонут ма ацы хъуыдыйадты цы нысан кæны:

Фыдбылыз, ныййарæджы ном, æви дзидза.


  1. Æлдар фыд лæг у, лæгдзарм тæнæг у мæлын кæй фæнды.

  2. Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд нæ зонын мæ мады рæвдыд.

  3. Адæймаг сæ цæхджын фыдтæ царай фæныкмæ тадзынц.

Ссарут ма тексты синонимтæ

Тугуарæн кодта – фыдбылызтæ кодта.


Ссарут ма тексты таурæгъон, фарстон æмæ хъæр.хъуыд. æмæ сæ растинтонацимо бакæсын.

Цы хонæм таурæгъон хъуыдыйад?

Цы хонæм фарстон хъуыдыйад?

Цы хонæм хъæрон хъуыдыйад?


Зæгъут-ма цавæр уацмыстæй ист сты скъуыддзæгтæ.

«А-лол-лай»

«Мæгуыры зарæг»

«Бирæгъ æмæ хърихъупп»

«Лæскъдзæрæн»
Базонут-ма ацы нывтæ цавæр нывтæм гæсгæ сты: (равдисын нывтæ).
Бирæгъ у хорздзинад бæсты кæмæн нæ цæуы ахæм адæймаг та цавæр хъуамæ уа?

Адæймаг хъуамæ хорздзинадæн аргъ кæнын зона. СТæй æвзæр æвзæрæй ничи фиды.


Скæнут ма нывмæ гæсгæ дзырдбæстытæ:

Зыд бирæгъ, зыд сырд, фыдзæрдæ бирæгъ, ирдцæст бирæгъ, фæлмæнзæрдæ хърихъупп, рæсугъд маргъ, тæригъæдзæрдæ хърихъупп.


Цавæр у цæрæгойты удыхъæд?

Хърихъупп у фæлмæнзæрдæ, тæригъæдгæнаг

зын сахат æрбацауы æххуысмæ

бирæгъ у зыд, кæрæв, фыдзæрдæ


Хърихъуппæн ис даргъ къæхтæ æмæ даргъ бырынхъ.

Бирæгъ у фыдуынд, йæ цæстытæ сты ирд, у æнæзæрдæмæдзæугæ – сайыджы хуызæн.


Нывмæ гæсгæ цыбыртæй рдзурын басняйы мидис.
Бафæрсын скъоладзауты:

Цæмæ кæны стыр аргъ Къоста йæ басняйы?

Йæ басняты Къоста стыр аргъ кæны адæймаджы бæрзонд удыхъæды миниуджытæн æмæ худы хин æмæ фæлывд, йæхицæй чи æппæлы, ницы уæвгæйæ, ахæм адæймæгтыл.


  • Цавæр ныхæстæй райдыдта басня?

  • Цавæр бæллæхы бахауд бирæгъ æмæ куыдæй?

  • Чи фервæзын кодта бирæгъы мæлæтæй?

  • Бирæгъы кæй фервæзын кодта, уый тыххæй дзы цы агуыры хърихъупп?

  • Фервæзын кодта уыцы хърихъуппæн?

  • Цавæр адæймæгтыл фыст у ацы басня?

  • Цавæр адæмон æмбисæнд уын цæ зæрдыл æрлæууын кодта Къостайы басня?

(«Æвзæрæн хорздзинад бæсты нæ цæуы», «Хорздзинад бæсты нæ цæуы»).
Ныффыссут уæ литературон тетрæдты ацы æмбисæндтæ. Сахуыр кæнут æмдзæвгæ «А-лол-лай».

Литературон тетрæдты бакусын

Басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ цы фæрстытæ ис уыдонæн раттын дзуаппытæ.




Гом урочы пълан

Плиты Грис

«Мила»

(5-æм «В» кълас)



Ахуыргæнæг

Цхуырбаты Майæ


Темæ


УРочы тип

Текст
Урочы эпигрæф

Организацион хай

Хомыл. куыст

Фæлхат
Аив кастыл бакуыст

Дзырдуатон куыст

Æмбисæндты бакуыст
Уæлæмхæсæн æрмæг

Хъомыладон куыст


Литературон жаныртæ сфæлх. кæнын

Цæстуынгæ æрмææг «А зæххыл мауал уæд хæст»

Урочы нысан

Кæронбæттæн


Скæнын хаддзæгтæ Х/к


Литературæ 5-æм къласы

Плиты Грис «Мила»

Комбинирон

Плиты Грисы æмдзæвгæ «Мила»




  • Цæр дæхи фæллойæ адæмимæ сабыр лымæнæй, уымæй хуыздæр куыст нæй ацы дунейы.

  • Куыдз зæрдæ зоны.

  • Хорз куыдз лæгæн æмбал у.

Салам раттын

Боныхъæды æрдзурын

Уалдзæджы миниуджытæ ранымайын

Уалдзæджы мæйтæ
Зæгъут ма уалдзæджы минæвæр цавæр цъиу у?

Куыд иу дзырдтой дзывылдары тыххæй нæ фыдæлтæ?



  • Дзывылдары æртахт уалдзæджы минæвар.

Ныр та уын æз бакæсдзынæн æмдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ, сымах та базонут цавæр афæдзы афоныл цæуы ныхас.

Хур бæрзонддæр тулы арвыл

Æмæ бон фæдаргъ

Трактор хуым фæлдахы дардыл

Хъæлдзæг зары маргъ (Уалдзæг)
Иу дæр дзы нæ уарзæм къаддæр

Афæдзы афонтæй

Фæлæ уæд вæййы бæркад

Дзаг вæййынц нæ голтæ (Фæзæг)
Мит ныууарыд æмæ бон фæдæргъ

Къахдзоныгътæ хъазгæ

Рацыдыстæм иуыл сых

Обауы хæдразмæ (Зымæг)
Судзы хур, Мæнæу бур, кæцы мæйы, стæй кæд вæййы.

Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст

Цавæр хæслæвæрд уын уыд?
а) Бакæсын æмдзæвгæ

б) Фæрстытæн дзауппытæ раттын

в) Скæнын нывтæ радзырдмæ гæсгæ


  • Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм чи ныффыста æмдзæвгæ? (Плиты Грис)

  • Радзурут-ма цы зонут Грисы тыххæй?

  • Цавæр рæстæг æвдыст цæуы нæ æмдзæвгæйы?

  • Кæд райдыдта?

  • Зæгъут ма поэт йæхæдæг дæр архайдта ацы хæсты?

  • Уæ хæстæджытæй та чи уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты?

Скхъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын нæ баззад иунæг ирон хæдзар дæр йæ бинонтæй чи нæ афæндараст коддта хæсты быдырыл иу кæнæ цалдæр бæлццоны.

Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут «Нæмыгдзæф фæндыр». Куыд загъта 16-аздзыд лæппу йæ мад? Сæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ та цыдысты мæнæ ахæм зарæгимæ (хъуысы музыкæ).

Ныр рахизæм нæ уацмысмæ.

Чи бакæсдзæн аив?


Хъуыд. хуыз. сæ загъды нысан. æмæ инт. гæсгæ цав. вæййы?

Ссарут ма тексты фарст. таурæгъ. æмæ хъæр. хъуыд.

Текст каст цæуы хайгай.
къæрц хъусæй –

фыдгул –

ныккæнды –

фæздæг –

æфсæдтон æмб-тæ –

къæбыс –

Бафæрсын скъоладз. уæ зæрдæмæ фæцыд?

А-ма бафæлварæм фæрст. дзуаппытæ раттын.




  • Цы домтой скъоладзаутæ салдатæй?

  • Цы сын радзырдта салдат?

  • Цы ’рцыди, иу бон салдаттæ хæргæ куы кодтой уæд?

  • Кæдæм акодта Мила салдаты?

  • Ссарут æмæ бакæсут, салдат сывæллоны куы рахаста, уæд?

  • Цы баци саби?

  • Кæм бадтысты салдаттæ?

  • Цавæр уæм фæкаст куыдз?

(фæлмæнзæрдæ, тæригъæдгæнæг, хæрзгæнæг, æмбаргæ)


  • Куыдз кæй хæрзгæнæг у?

  • Куыдз кæмæн фæтæригъæд кодта?

  • Чи сты æмдз. фæлмæнзæрдæтæ?

  • Чи у æмбаргæ та?

  • Цы куырдтой сабитæ салдатæй?

  • Уый сын аргъау радз. æви æцæг хабар?

  • Аргъау цы хонæм æмæ чи вæййы йæ автор?

  • Цы баци сабиты мад?

  • Кæй аххосæй амард?

Æхсызгондæр уын кæцы рæнхъытæ уыдысты, бакæсут-ма.

Ныр та нывмæ гæсгæ радзурæм хи ныхæстæй.

Уæдæ ацы æмб-тæ хауынц нæ абоны æмдзæвг.
Радзурын скъоладзаутæн рагон таурæгъ («Куыдз æмæ бирæгъ»).
Таурæгъы руаджы скæнын хатдзæгтæ рагæй фæстæмæ лæг æмæ куыдзы ’хсæн кæй ис стыр нымæндз.
Уый фæстæ скъоладзаутæн радзурын кæнын радзырд рацыд æрмæгæй «Æнувыддзинад». Ам дæр та скæнын хатдзæгтæ.
Ссарут ма тексты пейзаж, метафортæ.

Ирон фысджытæй ма чи архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты?

Цавæр æмдзæвгæтæ ныффыстой?

Чи бакæссдзæн зæрдыв.

Ныр та нæ темæмæ гæсгæ æмб-тæ баххæст кæнут.

Хорз куыдз…

Фыййауæн куыдз куы уа…

Хæстæн йæ фæнык…

Хæсты темæйыл цы уацмыстæ ахуыр кодтам уыдонæй каст цæуы скъуыддзæгтæ. Зæгъут ма цавæр уацмыстæй ист сты?


Равдыстмæ скъоладзауты æргом æрыздæхын.

Равдыст скъоладзауты нывтæм гæсгæ

Поэты портрет

Фыййагыл фыстытæ

Музыкæ


  • Цы хонæм уацмысы темæ æмæ идейæ?

  • Цы у нæ уацмыст темæ нæ идейæ та?

Ныр та уал аулæфæм. Хъазт «Дамгъуат».

  • Цы хонæм дамгъуат?

  • Цал дамгъ. ис ирон æвзаджы?

  • Цавæртыл дих кæнынц?

  • Цæмæн нæ хъæуы зонын дамгъуат?

Ныр та уал ахъазæм.

Чи тагъддæр ссардзæн дзырдтæ дзырдуаты?


Ссарут ма тексты антонимтæ:

Хæрзгæнæг – фыдгæнæг

Тæригъæдгæнæг – æгъастыр

Хæларзæрдæ – фыдзæрдæ
Зонын нæ фыдæлты истории.

Аргъ сын кæнын сæ хъæбатырдзинæдтæн

Уарзондзинад адæммæ скъоладзауты зæрдæты æвзарын кæнын.

Нæ ирон поэты хъæбатырдзинад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.


Сах.кæн. радзырд хи ныхæстæй.

Литературон тетрæдты уацмысмæ гæсгæ скæн.ныв.

Скæнын текстмæ гæсгæ пълан.



ДОКЛАД
Темæ: Скъоладзауты сочинени фыссынмæ цæттæ кæныны методикæ

Ахуыргæнæг Цхуырбаты М.

Дзæуджыхъæу, 2010 аз

Иумæйаг методикæйы сочинени нымад у ныхасы рæзтыл куыстытæн сæ сæйрагдæрыл. Сочиненийы фæрцы хъæздыгдæр кæны скъоладзауты дзырдуат, аивдæр æмæ мидисджындæр – сæ ныхасы хъæд. Сочиненийы фæрцы рæзы ахуырдзауты фантази, сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад.

Сочинени аразы хорз фадæттæ скъоладзауты логикон хъуыдыкæнынад райрæзын кæнынæн, хъуыдытæ раст фæткыл æвæрыныл фæцалх уæвынæн.

Сочиненийыл кусгæйæ, ахуыргæнинаг фæцалх вæййы сфæлдыстадон куыстыл. Бирæ скъоладзаутæн партæйы уæлхъус раргом вæййы се сфæлдыстадон курдиат, банкъарынц ын йæ ад, фæзыны сæм цымыдисдзинад, фæтырнынц ацы куыст дарддæр дæр æххæст кæнынмæ.

Сочиненийыл куыст бæлвырд хъæздыгдæр кæны скъоладзауы миддуне, йæ дунеæмбарынад. Ацы куыст æххæст кæнгæйæ, скъоладзау бацагуры, темæ раргом кæнынæн ын æххуыс чи у, ахæм уæлæмхасæн æрмæг, фæпарахатдæр вæййынц йæ зонындзинæдтæ.

Сочиненийы фæрцы ахуыргæнæг хорз раиртасдзæн скъоладзауы цæтnnæдзинад, йæ зонындзинæдтæ æвзаджы грамматикæйæ, æвзаджы иуæгтæй фысгæ ныхасы куыд арæхсы пайда кæнынмæ, уый. Базонæн вæййы, ахуырдзауы дзырдуат цас хъæздыг у, цæй бæрц сты йæ гæнæнтæ.

Скъоладзауты фысгæ куыстытæ æвзаргæйæ, æнцонæй раиртасæн ис, ахуырдзаутæ царды алыхуызон фæзындтытæм цы цæстæй кæсынц, цавæр хъуыдытыл хæст сты, цæмæ бæллынц.

Сочиненийæн ис стыр хъомыладон ахадындзинад: сфæлдыстадон фascuæ куысты скъоладзау равдисы йæ цæстæнгас цардмæ, йе ’нкъарæнтæ, йæ зæрдæйы уаг, йæ мидхъуыдытæ. Нывæцæны фæрцы ахуыргæнæг хуыздæр базоны йе скъоладзауты зондахаст.

Сочинени (нывæцæн), изложениимæ абаргæйæ, у вазыгджындæр: кæд изложенийыл куыст бæлвырд тексты бындурыл арæзт цæуы, уæд сочинени та скъоладзауæй домы хи текст саразын, хи дзырдуатæй пайда кæнгæйæ, лæвæрд темæмæ гæсгæ хи хъуыдытæ раргом кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм куыст ахуырдзауæй домы фылдæр зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад. Цæмæй нывæцæн раст фыст æрцæуа, уый тыххæй скъоладзау хъуамæ арæхса канд хъуыдыйæдlnæ раст аразынмæ нæ, фæлæ ма сæ грамматикон æмæ логикон æгъдауæй кæрæдзиуыл раст бæттынмæ дæр.

Сочинени ныффыссынæн зонын хъæуы тексты теорийы фарстатæ, йæ структурон амады ’гъдæуттæ, арæхсын хъæуы йæ аивгæнæн мадзæлттæй раст пайда кæнынмæ æмæ а.д. Тексты теорийы фарстатæй скъоладзауы зонын хъæуы:



  1. Цы у темæ æмæ йæ куыд раргомгæнæн ис, уый.

  2. Цы у тексты сæйраг хъуыды? Нывæцæны темæ æмæ сæйраг хъуыды куыд баст сты кæрæдзиуыл?

  3. Куыд хъæуы yнывæцæнæн æрмæг æмбырд кæнын?

  4. Æмбырдгонд æрмæг куыд хъæуы кæрæдзийы фæдыл раст равæрын?

  5. Хи хъуыдытæ раст æмæ аив ныффыссын куыд хъæуы?

Уымæй уæлдай ма арæхсын хъæуы фыст æрмæг раст кæнынмæ, ивддзинæдтæ йæм бахæссынмæ, фæхъæздыгдæр æмæ йæ фæаивдæр кæнынмæ.

Скъоладзауты сочинени фыссынмæ цæттæ кæнгæйæ, зæрдыл дарын хъæуы психолингвистикæйы сæйраг принциптæй иу: ахуырдзауты сразæнгард кæнын хъæуы ацы куысты хуыз сæххæст кæнынмæ. Сочинени у фысгæ ныхасы хицæн хуыз, ныхас та у архайд. Кæцыфæнды архайдæн дæр ис йæ райдайæн баст цæимæ у, ахæм аххосæгтæ, бæлвырд нысантæ. Ома, адæймаг хуымæтæджы нæ бавналы цавæрфæнды куыст æххæст кæнынмæ, йæ баххæст кæнынмæ йæ сразæнгард кæнынц алыварсы уавæртæ, уыдон æй фæцагайынц, базмæлын кæнынц. Бæлвырд нысан равзаргæйæ адæймаг фæтырны йæ сæххæст кæнынмæ, фæхъуыды кæны, куыд æмæ йæ цæмæй сæххæст кæндзæн, ууыл.

Афтæ у сочинени ныффыссыны хъуыддаг дæр. Сочинени фыссынмæ дæр, куыд кæцыфæнды архайд сæххæст кæнынмæ, скъоладзауы хъæуы сразæнгард, самидин кæнын. Фæцагайын ын хъæуы йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ, сочиненийы темæмæ йын раздахын хъæуы йе ’ргом. Ацы куыст ын хъуамæ суа цымыдисон, бафтауа йæ хъуыдытыл. Ахуыргæнæджы хæс у скъоладзауы хъуыдыты хал сочиненийы темæимæ арæхстджынæй сбæттын.

Цæмæй скъоладзау зæрдиагдæрæй куса сочиненийыл, уый тыххæй ма йын хъæуы темæ бауарзын кæнын дæр. Афтæ у фыссæджы архайд дæр: хуымæтæджы цауты æрфыст нæ вæййынц йæ уацмыстæ, фæлæ йæ дисы чи бафтауы, йе ’нкъарæнтæ йын чи фæцагайы æмæ йæ афтæмæй хъуыдытыл чи бафтауы, æрмæст ахæм царды нывтæ æрфыссынмæ бавналы уый.

Зæрдылдаринаг ма у иу хъуыддаг: сочинени у сфæлдыстадон куыст, скъоладзауæй домы канд ахъуыды кæнын нæ, фæлæ йæ сисы хъуыдыты æмæ æнкъарæнты уæлмонцмæ. Сфæлдыстадæн æвæндонæй райрæзæн куыд нæй, афтæ æвæндонæй нæй сочинени ныффыссæн дæр. Уымæ гæсгæ, кæцыфæнды темæ раргом кæнынмæ дæр скъоладзау хъуамæ бавнала барвæндонæй, разæнгардæй.

Сочиненийыл куыст домы æвзаджы аивгæнæн мадзæлтты фæрцы хи æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ раргом кæнын. Фысгæйæ скъоладзау фæтырны, йæ хъуыды равдисынæн хуыздæр чи сфидаудзæнис, ахæм дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ ссарынмæ. Уый тыххæй æвзаджы грамматикон сконд хорз зонын фаг нæу. Æвзаджы грамматикон иуæгтæй сочинени фыссæг хъуамæ пайда кæнынмæ арæхса. Ахæм арæхстдзинад æрцæуы æрвылбоны куысты фæрцы, алыхуызон лексико-грамматикон фæлтæрæнты æххуысæй.

Афтæмæй, ахуыргæнæджы хæс у скъоладзауы сочинени ныффыссынмæ сразæнгард кæнын, йе ’нкъарæнтæ фæцагайын, лæвæрд темæйыл æй хи хъуыдытæ раргом кæнынмæ бацæттæ кæнын.

Скъолайы цы сочиненитæй пайдагонд цæуы, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ сты:



  1. хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгты бындурыл фыст сочинени;

  2. нывмæ гæсгæ сочинени;

  3. литературон темæйыл фыст сочинени.

Иумæйагæй ма æвзарынц

  • литературон-критикон уац;

  • рецензи;

  • эссе;

  • очерк;

  • боныг;

  • эпистолярон жанр.

Алы нывæцæн дæр хъуамæ уа стилистикон, орфографион æмæ пунктуацион æгъдауæй раст арæзт.

Нывæцæныл куыст райдайы темæйæ. Уый у, нывæцæны ныхас цæуыл цæудзæн, уый æвдисæг, ууыл дзурæг. Ахуыргæнæг хъуамæ арæхса нывæцæны темæ равзарынмæ, йæ нысан æмæ мидис скъоладзаутæн раст бацамонынмæ.

Нывæцæны темæ вæййы уæрæх (иумæйаг) æмæ къуындæг (бæлвырд). Зæгъæм, уæрæх темæ «Уалдзæг», раргом кæнæн ис ахæм бæлвырд темæты фæрцы: «Фыццаг уалдзыгон бон», «Фыццаг уалдзыгон дидинджытæ», «Нæ дыргъдон уалдзæджы», «Не скъолайы кæрт уалдзæджы», «Хъæд райхъал» æмæ а.д. Уæрæх темæ «Фæззæг» раргом кæнынæн спайдагæнæн ис темæтæй: «Фæззыгон дыргъдоны», «Фæззæг скодта», «Хъæд йæ сыгъзæрин пæлæз скодта», «Фæззыгон дидинджытæ», «Цæмæн уарзын æз фæззæг?», «Æнкъард дæн æз …», «Сыфтæрты сусæг ныхас», «Мæ рудзынгæй акастæн иу хатт…» æмæ а.д.

Ахуыргæнæджы бон у иумæйаг (уæрæх) темæ раттын дæр, фæлæ зæрдылдаринаг у, скъоладзаутæн йæ ныффыссын зындæр кæй уыдзæнис. Афтæ, æрвылаз дæр ахуыры азы райдайæны ирон æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджытæ скъоладзаутæн бабар кæнынц сочинени темæ «Куыд арвыстон мæ сæрдыгон каникултæ»-мæ гæсгæ ныффыссын. Ахуырдзаутæ æвæндонæй бавналынц ацы куыстмæ, тынг зын сын вæййы сæ хъуыдытæ æххæстæй раргом кæнын. Куыст фæрогдæр кæнынæн ацы уæрæх темæ хуыздæр у цалдæр къаннæг темæйы хуызы раттын. Зæгъæм: «Зæрдылдарæн сæрдыгон бон», «Сæрды фæстаг бонтæ», «Хосгæрдæнты», «Кæсаг ахсынмæ», «Ленк кæнын куыд базыдтон», «Мæ сæрдыгон балц», «Мæ уарзондæр сæрдыгон хъæзтытæ», «Ног æмбæлттæ мын куыд фæзынд» æмæ а.д.

Скъоладзауты фæцалх кæнын хъæуы темæтæ кæрæдзийæ иртасыныл, сæ хицæндзинæдтæ сын фиппайыныл. Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй ахуырдзаутæ нывæцæн фысгæйæ арæх ахизынц лæвæрд темæйæ, кæнæ та, темæ хорз нæ бамбаргæйæ, ныффыссынц бынтон æндæр темæйыл дзурæг куыст. Ахуырдзауты ахæм рæдыдтытæй бафæдзæхсынæн пайдагæнæн ис куысты хуызтæ:


  • ныхмæвæрд темæтæ кæрæдзиуыл абарын, сæ хицæндзинæдтыл сын æрдзурын;

  • темæ чи нæ раргом кодта, ахæм текст равзарын, йæ хъæндзинæдтыл ын бæстон æрдзурын, Ома цы дзы ис уæлдай, темæмæ чи нæ хауы, ахæмæй æмæ а.д.

Зæгъæм, фæйнæгыл рагацау ныхæй-ныхмæ ныффыссын темæтæ:

  1. «Куыд арвыстон мæ сæрдыгон кæникултæ» - «Зæрдылдарæн бон»

  2. «Мæ тезгъо хъæдмæ» - «Куыд фæдзæгъæл дæн хъæды» «Æвиппайды фембæлд»

  3. «Сæрдыгон хъæды» - «Гагадыргътæ тонынмæ»

  4. «Цæугæдоны был» - «Кæсаг ахсынмæ».

Темæтыл дзургæйæ, скъоладзауты бафæрсæн ис сæ хицæндзинæдтæй. Ахуыргæнæджы фæрцы бæрæггонд цæуы, галиуæрдыгæй фыст темæтæ уæрæхдæр кæй сты рахизæрдыгæй фыст темæтæй. Афтæ, темæ «Цæугæдоны был» æргом кæнгæйæ радзурæн ис канд кæсаг ахсыны тыххæй нæ, фæлæ ма цæугæдоны был фæллад куыд фæуадзынц, ленк кæнын куыд ахуыр кæнынц, уый тыххæй дæр. Темæ «Кæсаг ахсынмæ» æргом кæнгæйæ та дзурын хъæуы æрмæст кæсаг æхсыны тыххæй.

Ахæм аналитикон куыст бакæнгæйæ, скъолдзаутæн раттæн ис хæслæвæрд: уæрæх темæ «Сывæллæтты фæлладуадзæн лагеры» - йæн ранымайут йæ бæлвырд (чысылдæр) темæтæ.

Ахурдзаутимæ æрныхас кæныны фæстæ фæйнæгыл фыссæм:

«Сывæллæтты фæлладуадзæн лагеры»: «Куыд ацыдыстæм балцы», «Лагеры ленк кæнын куыд сахуыр дæн», «Мыдгæсимæ фембæлд», «Ног æмбæлттæ мын фæзынд».

Ахуырдзаутæн раттæн ис хибарæй æххæстгæнæн хæс: уæрæх темæ «Зымæг»-ы бæлвырддæргæнæн (чысылдæр) темæтæ сбæрæг кæнын. Уыдон уыдзысты: «Цæмæн уарзын æз зымæг?», «Зымæгон хъæзтытæ», «Зымæгон хъæды», «Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы» (Къ.), «Зымæгон бон», «Иу хатт зымæджы…» æмæ а.д.

Кæрæдзиуыл абарынæн равзарæн ис ахæм темæтæ дæр: «Фæззыгон хъæды рæсугъддзинæдтæ», «Фæззыгон хъæды хъæздыгдзинæдтæ». Фыццаг темæмæ гæсгæ радзурын хъæуы бæлæстæ, зайæгойтæ фæззæджы сæ хуыз кæй скалынц, хъæд алыхуызон ахорæнтæй кæй сæрттивы, уый тыххæй. Дыккаг темæйыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы, фæззыгон хъæд рæдау къæбицау йе дзаг кæй вæййы алыхуызон гагадыргътæй, хъæдæй æрхæссæн кæй ис хъæддаг фæткъуытæ æмæ кæрдотæ, æхсæртæ, зокъотæ æмæ а.д. Фæззыгон хъæды лæвæрттæ се дзаг сты витаминтæй, стыр пайда хæссынц адæймагæн, æххуыс сты алыхуызон низты ныхмæ тох кæнынæн.

Æмбалдзинадыл дзургæйæ, скъоладзауты размæ рахæссæн ис дыууæ ныхмæвæрд темæйы «Уыимæ кæдæмдæриддæр ацæуин» æмæ «Ахæм адæймаг æрдхордæн нæ бæззы». Диспуты хуызы равзарынæн, уый фæстæ та хъуыдытæ ныффыссынæн хорз сты темæтæ «Ном лæггæнæг нæу» æмæ «Номæй лæгмæ дзурынц».

Афтæ, скъоладзаутæн бацамонæн ис темæйы (сæргонды) нысаниуæг, куыд æй райхалын хъæуы, уый.

Нывæцæны сæйраг хъуыды баст у, автор йæ куысты цы зæгъынмæ хъавы, цæй ныхмæ дзуры, кæнæ та цы хъуыды ныффидар кæныныл архайы, уыимæ.

Мæнæ куыд фыссы скъоладзау йæ цыбыр нывæцæны:



Æхсызгон фембæлд.

Уыцы бон райсомæй уæлдай бæрæгбондæрхуыз уыд нæ хæдзар. Нæ фыд хъæлдзæгæй кæрты зилæнтæ кодта. Нæ мад рагацау арынджы цур балæууыд. Мæ хистæр хотæ сыгъдæг ныммарзтой, бафснайдтой агъуыстытæ. Уаты стъолыл æрвхуыз вазæйы дидинджыты баст дæр фæзындис.

Цавæр бон у, цымæ, абон? Цæмæн афтæ райдзаст у нæ хæдзар? Æрхъуыды йæ кодтон! Абон нæм Хохæй уазджытæ уыдзæн, нæ фыды хорз æмбал Аслæнбег йæ фырт Черменимæ æрцæудзысты. Чермен у ме ’мгар лæппу, скъоламæ дæр иу аз уымæ гæсгæ арæх не ’мбæлæм.

Уалынмæ нын чидæр нæ дуар æрбахоста. Нæ уазджытæ æрхæццæ сты!

Ацы нывæцæны сæйраг хъуыды у – «Бинонтæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц уазджытæм».

Сæйраг хъуыды раргом кæнынæн скъоладзау фыссы, сæ хæдзар бæрæгбондæрхуыз кæй уыд, бинонтæ иууылдæр зилæнтæ кæй кодтой, хæдзар райдзаст кæй уыд. Фембæлд æхсызгон кæй уыдзæн, ууыл дзурæг сты тексты хъæрон хъуыдыйæдтæ дæр. Сæйраг хъуыды æргомгонд уцæуы мивдисджыты фæрцы дæр: зилæнтæ кодта, бафснайдтой, фæзындис, æрхæццæ сты.

Куыд бафиппайдтам, афтæмæй скъоладзауы куысты сæйраг хъуыды æргомгонд æрцыд алыхуызон лексикон æмæ грамматикон мадзæлттæй.

Нывæцæны сæйраг хъуыды раргом вæййы йæ сæргондæй дæр «Æхсызгон фембæлд». Фæлæ ахæм сæргæндтæ, куыд: «Ногæй та скъолайы», «Куыд арвыстон мæ фыццаг бон скъолайы», «Нæ къласы къулын газет», «Мæ фыццаг ахуыргæнæг» нæ дзурынц тексты сæйраг хъуыдыйыл, нæ амонынц, нывæцæн фысгæйæ, хъуыдытæ кæцырдæм саразын хъæуы, уый.

Абарæм-ма темæтæ: «Кæсаг ахсгайæ хъæрæй дзурæн нæй» æмæ «Кæсаг ахсынмæ», «Хурмæ бирæ бадæн нæй» æмæ « хур судзы …», «Мады ныхасæн аргъ кæнын хъæуы» æмæ «Мад». Бафиппайæн ис, се ’ппæт скъоладзауæн кæй не сты æнцон раргомгæнæн, бæлвырддæргонд темæмæ гæсгæ æнцондæр фыссæн кæй у.

Цæмæй скъоладзау раст раргом кæна йæ нывæцæны сæйраг хъуыды, уый тыххæй йын ахуыргæнæг хъуамæ бацамона сæйраг хъуыдыйы æмбарынад, куыд æй раргомгæнæн ис, уый. Ам дæр та хорз у ныхмæвæрддзинадæй пайда кæнын. Зæгъæм, нывæцæны темæ (сæргонд) «Не скъолайы кæрт» ахуырдзаутæн ратгæйæ, фæйнæгыл ныффыссæн ис темæ алыхуызы æргомгæнæг дыууæ хъуыдыйады:


    1. Æз уарзын не скъолайы кæрты тезгъо кæнын.

    2. Мах хъуамæ бацархайæм, цæмæй не скъолайы кæрт уа хуыздæр.

Афтæмæй ахуыргæнинæгтæ бамбардзысты темæ дыууæ хуызы раргомгæнæн кæй ис. Сæ иутæ фысдзысты, се скъолайы кæрт сыгъдæг æмæ аив кæй у, æхсызгонæй дзы кæй фæтезгъо кæнынц, уый тыххæй. Иннæтæ та ныффысдзысты, се скъолайы кæрт зиинаг кæй у, цæуджытæ æмæ дзы мащинæтæ кæй рацу-бацу кæнынц, кæй дзы нæй хъазæн фæз, фæлладуадзæн бынат, уый тыххæй.

Сочинении ныффыссынæн хорз æххуыс сты æнцойгæнæн дзырдтæ. Уыдон сты, темæ райхалынæн, йæ раргом кæнынæн спайдагæнæн кæмæй ис, ахæм дзырдтæ, дзырдбæстытæ. Зæгъæм, темæ «Мæ хуыздæр æмбал»-мæ гæсгæ раттæн ис æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ: æмбалдзинад, хæлардзинад, зæрдæ дарын, æнæхин адæймаг, хорз æмгар, æрдхæрдтæ, кæрæдзиуыл æууæндын, кæрæдзийы æмбарын, бахъуаджы рæстæг, æнгомæй цæрын æмæ æнд.

Сочиненимæ цæттæ кæнгæйæ баххæстгæнæн ис ахæм фæлтæрæнтæ:

1. Лæвæрд дзырдтæм синонимтæ æмæ антонимтæ ссарын:



Æмбал – æрдхорд, лымæн, æмгар.

Хæларæй – лымæнæй, уарзонæй, кæрæдзи æмбаргæйæ.

Бахъуаджы рæстæг – зын рæстæг, зын сахаст, тыхст рæстæг.

2. Дзырдтимæ дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ саразын:



Æууæндын, æмбарын, хион, кæстæр, хистæр, зонгæ, балцы цæуын, зонгæ, зæрдиагæй æмæ æнд.

3. Бакусын дзырдты растфыссынадыл, равзарын сæ дзырды хæйттæм гæсгæ:



Æууæнк, æрдæорддзинад, æнæмаст, зæрдæхæлар æмæ æнд.

4. Сочиненийæн пълан саразын.

Сочиненийы пълан йæ мидисмæ гæсгæ вæййы хуымæтæг кæнæ вазыгджын; йæ синтаксисон арæзтмæ гæсгæ – иувæрсыг кæнæ дывæрсыг, фарстон æмæ таурæгъон хъуыдыйæдтæй конд. Пълан саразæн ис абзацты райдайæн хъуыдыйæдтæй дæр.

Пъланыл куыст стыр æххуыс у скъоладзауты сочинении фыссыныл фæцалх кæнынæн, ныхасы рæзтыл бакусынæн, хъуыдытæ логикон æгъдауæй раст æвæрыныл бацамонынæн.

Пълан аразгæйæ хъуыды кæнын хъæуы сочиненийы (тексты) функционалон хуызыл (таурæгъон, æрфыстон, хъуыды-тæрхæттæ). Зæгъæм, таурæгъон (радзырдон) тексты хуызы фыст сочиненийы пъланы æнæмæнг хъуамæ уой:


  1. Архайды райдайæн, кæм æмæ кæд æрцыд, уый æвдисæг хай.

  2. Архайды райхæлд, йæ цыд æвдисæг хай (сæйраг хай).

  3. Æппæты ахсджиагдæр цау (тексты кульминаци).

  4. Хъуыдыты балхынцъ, кæронбæттæн хай.

Æрфыстон сочиненийы схемæ (пълан) арæзт цæуы ахæм хæйттæй:

  1. Иумæйагæй предметы тыххæй (йæ ном, чи кæнæ цы у æмæ а.д.)

  2. Предметы æууæлтæ, йæ характеристикæ (йе ’ддаг бакаст, йæ мидхарактеристикæ).

  3. Предмет цæмæн хъæуы (кæд æнæуд у, уæд).

  4. Мæ ахаст предметæ.

Сочинении-хъуыдыйы схемæ:

  1. Тезис (ныффидаргæнинаг хъуыды).

  2. Аргументæ (хъуыды фидаргонд кæй фæрцы цæуы, уыцы хъуыдыйæдтæ).

  3. Хатдзæгтæ.

Сочиненийыл куыст фæрогдæр уыдзæн ахуыргæнæг пъланы хæйттæн алкæцымæ дæр куы радта æнцойгæнæн дзырдтæ, ног хъуыдыты райдайæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ (хъуыдыйæдтæ). Зæгъæм, таурæгъон тексты хуызы фыст сочиненийы абзацтæн раттæн ис ахæм райдайæн дзырдтæ, дзырдбæстытæ:

райдайæн абзацы: иу хатт, иуахæмы, раджыма-раджыма, иуафоны дын, кæддæр;

астæуккаг абзацы: уæдмæ, æвиппайды, æнæнхъæлæджы дын, уалынмæ, цалынмæ;

кæронбæттæн абзацы: уæдæй фæстæмæм, уæдæй абонмæ, уымæй ардæм, афтæмæй, уыйадыл æмæ æнд.

5. Темæ райхалынæн æххуыс чи у, ахæм хъуыдыйæдтæ синтаксисон æвзæрст ракæнын. Равзарын хъæуы хъуыдыйæдтæ аивгæнæн мадзæлтимæ, æнгом дзырдбæстытимæ, хъуыдыйæдтæ-цитатæтæ, æмдзæвгæйæ кæнæ æндæр литературон уацмысæй ист рæнхъытæ, базырджын ныхæстимæ. Хъуыдыйæдтæй спайдагæнæн уыдзæн фысгæ куыстыты. Сæ фæрцы сочинени фæмидисджындæр, фæаивдæр уыдзæн.

6. Сочиненийы эпигрæфæн скъоладзауты размæ рахæссæн ис æмдзæвгæйы, прозæйы, адæмон сфæлдыстады уацмыстæй, критикон уацхъуыдтæй ист рæнхъытæ. Эпигрæф хъуамæ æнгом баст уа темæимæ, æххуыс уа сочиненийы сæйраг хъуыды раргом кæнынæн.

Скъоладзауты æнкъарæнтæ фæцагайынæн хорз æххуыс сты темæимæ баст таурæгътæ, æмбисæндтæ, цардæй ист цаутæ, литературон уацмыстæй ист скъуыддзæгтæ æмæ æнд. Уыдон сæ фæхæстæгдæр кæндзысты темæмæ, фæцагайдзысты сын сæ хъуыдытæ, бафтаудзысты сæ фыссыныл.

Бафиппайæн ис, скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ æргом кæнгæйæ пайда кæй кæнынц иухуызон синтаксисон конструкцитæй, фылдæр – хуымæтæг дывæрсыг кæнæ вазыгджын хъуыдыйæдтæй. Ахуырдзаутæ нæ арæхсынц иувæрсыг, æнæххæст хъуыдыйæдтæ аразынмæ. Фысгæйæ нæ пайда кæнынц фарстон, хъæрон, разæнгардгæнæн хъуыдыйæдтæй, дзырдтæ-хъуыдыйæдтæй, комкомæ ныхасæй. Цыбыр дзырдтæй, цæттæ не сты æвзаджы иуаæгтæй ныхасы мидæг пайда кæнынмæ.

Ацы уавæр зæрдыл даргæйæ, ахуыргæнæджы арæхдæр хъæуы синтаксисон синонимтæй пайда кæнын, сæ аразыныл скъоладзауты фæлварын. Зæгъæм:


  1. вазыгджын хъуыдыйадæй хуымæтæг хъуыдыйад саразын (Лæппу уынгты куы фæцæйцыд, уæд йæ алывæрстæм ракæс-бакæс кодта. – Лæппу, уынгты фæцæйцæугæйæ, йæ алывæрстæм ракæс-бакæс кодта);

  2. комкомæ ныхасæй фæрссаг ныхас саразын («Райсом ахуырты фæстæ цæуæм скъолайы кæрт æфснайынмæ», - фехъусын нын кодта нæ ахуыргæнæг. – Ахуыргæнæг нын фехъусын кодта, райсом ахуырты фæстæ скъолайы кæрт æфнсайынмæ кæй цæуæм, уый);

  3. бæттæгтæй кæнæ бæттæг дзырдтæй пайда кæнгæйæ, хуымæтæг хъуыдыйæдтæй вазыгджын хъуыдыйæдтæ саразын (Лæгдыхæй ницы бакандзынæ, зондæй архайын хъæуы. – Лæгдыхæй ницы бакæндзынæ, фæлæ зондæй архай.);

  4. дывæрсыг хъуыдыйæдтæй саразын иувæрсыг хъуыдыйæдтæ (Уалдзæг ралæууыд. – Уалдзæг.) æмæ а.д.

Ныхасы рæзтыл бакусынæн хорз æххуыс у ахæм фæлтæрæн дæр: лæвæрд хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтæй æмæ абарстытæй фæдаргъдæр кæнын:

Цæугæдоны галиу фарсырдыгæй лæууы бæрзонд рагъ. Хъулон адардта хъæддаг дидинджытæй, иугай тулдзы къутæртæй. Цæгатырдыгæй зынынц тæрс бæлæсты цъуппытæ.

Рагъæй дæ цæстæнгæс дæлæмæ æрис, æмæ дæ разы тыгъдæй лæууынц фæз, нартхоры быдыртæ, мæнæуы хуымтæ. Хохы ’рдыгæй дымы изæрон дымгæ, фæйлауы хортæ.

Дзырдтæ спайда кæнынæн:



сырх, бур, фæлурссырх, фæлурсцъæх æмæ æндæр алыхуызон, гауызы хуызæн саухал, денджызы уылæнтау, хъалхуыз.

Сочинении цы темæйыл фыст цæуы, уый скъоладзаутæн хъуамæ æнгом баст уа сæ кар æмæ сæ цæттæдзинадимæ, хæстæг уа сæхи цард æмæ дунеæмбарынадмæ.

Скъоладзауты хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгты бындурыл сочинени ныффыссынмæ бацæттæгæнæн ис куыд иу сæрмагонд урочы, афтæ урокæй-урокмæ темæйыл кусгæйæ дæр.

Ахæм сочиненийыл кусгæйæ, ахадгæдæр сты экскурситæ (ахуыргæнæг бацархайы, цæмæй скъоладзаутæ сæ цæст æрдарой æрдзы алы фæзындтытæм, æрдзы ахорæнтæм, йæ рæсугъддзинадмæ, адæймагæн æхцондзинад цæмæй хæссы, уымæ), туристон балцтæ; музейтæм цæуын; фæсурокты кæсын; цымыдисæг адæймæгтимæ фембæлдтытæ аразын; этикон æмæ эстетикон темæтыл ныхас кæнын. Иу ныхасæй, скъоладзауы цымыдисдзинад райрæзынæн æххуыс чи у, йæ дунеæмбарынад ын парахатдæр чи кæны, ахæм куысты хуызтæ.

Ахуырдзауты хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгты бындурыл сочинении ныффыссынмæ бацæттæ кæнынæн хорз æххуыс сты ныхасы-тематикон уроктæ.

Ныхасы-тематикон уроктæ нымад сты æвзаг æмæ литературæйы уроктæ цымыдис кæныны мадзалыл. Ацы урокты фæрцы мидисджындæр æмæ цымыдисондæрæй бацамонæн ис цавæрфæнды æрмæг, уымæй куыд æвзагæй, афтæ литературæйæ дæр.

Ныхасы-тематикон урок арæзт цæуы бæлвырд ныхасы темæйыл. Урочы темæйæн (æвзагæй кæнæ литературæйæ) равзарæн ис æмбисонд, поэтикон кæнæ прозаикон уацмысæй ист рæнхъытæ. Зæгъæм: «Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд» (зарæгæй), «Растдзинад кæмæн цæф у, кæмæн – цæсты рухс» (æмб.), «Кæстæр хистæры кæм нал зоны, уым цард нæй» (æмб.), «Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг» (Кочысаты М.), «Зымæг нæ хæхты цух уадзы» (Къоста) æмæ а.д.

Æвзаджы урок ныхасы-тематикон урочы хуызы кæнгæйæ, ахуыргæнæг дидактикон æрмæджы хуызы пайда кæны алыхуызон прозаикон æмæ поэтикон уацмысты текстытæй. Йæ урокмæ æрбахæссы адæмон сфæлдыстадæй ист уацмыстæ (æмбисæндтæ, базон-базонтæ, таурæгътæ, кадджытæ æмæ а.д.), историон æрмæг æмæ æнд. Ацы æрмæджытæ æххуыс сты æвзаджы иуæгтæ баст ныхасы (тексты) бындурыл бацамонынæн, сæ функцоналон нысаниуæгыл æрдзурынæн, Ома сын ныхасы мидæг цы нысаниуæг ис, кæд æмæ сæ цы уавæрты фæпайда кæнæм, уый бацамонынæн.

Ныхасы-тематикон урочы цы текстытæй пайдагонд цæуы, уыдон сæ мидисмæ гæсгæ хъуамæ уой урокæн йæ ныхасы темæимæ баст. Зæгъæм, ныхасы темæ «Æгъдауы фæндаг амонды бæстæмæ хоны» æвзаргæйæ, урочы спайдагæнæн ис æмбисæндтæй: «Исчи дæ æгъдауы ехсæй куы нæма, уæд афтæ ма банхъæл, æмæ де знаг у»; «Царды мæсыг амад у æгъдау, уаг æмæ æфсармы фидар дуртæй»; таурæгътæй: «Чызг йæхи къардиуæй аппæрста» (Хъуысаты Генрийы чиныгæй «Я хочу рассказать вам тайну»), «Лæцы ингæн»; Джыккайты Шамилы æмбырдгонд таурæгъты чиныгæй ист уацмыстæ «Æртæтæригъæды», «Хуыцауы азар»; ирон литературæйы программæйы æгъдауыл фыст цы уацмыстæ ис, уыдонæй ист скъуыддзæгтæй.

Текстыты бындурыл хъуамæ æнцондæрæй бацамонæн уа урочы грамматикон темæ. Зæгъæм, æвзаджы урок «Æгъдауы фæндаг амонды бæстæмæ хоны» цæттæ кæнгæйæ, æркæсын хъæуы ранымад текстыты грамматикон арæзтмæ. Се ’хсæнæй равзарын хъæудзæн, урочы грамматикон æрмæг хуыздæр кæцыйы бындурыл бацамонæн ис, ахæмтæ.

Текстытæ хъуамæ æххæст кæной хъомыладон хæстæ дæр. Цы хъуыды сæ æвæрд ис, уымæ гæсгæ бæрæггонд цæуы урочы хъомыладон нысан дæр.

Æвзаджы урок цымыдисондæр æмæ мидисджындæр кæнынæн спайдагæнæн ис, скъоладзаутæ ирон литературæйæ цы уацмыс ахуыр кæнынц, уымæй ист скъуыддзæгтæй дæр.



Литературон уацмыс амонгæйæ, ахуыргæнæг ныхасы-тематикон уроктæ бацæттæ кæны, уацмыс цы проблемæтыл дзуры, уыдон хицæнæй æвзаргæйæ. Алы урок дæр арæзт цæуы уацмысы проблемæиæй иумæ гæсгæ. Зæгъæм, Плиты Грис трагедии «Чермен»-ы цы фарстатыл цæуы ныхас, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ сты:

феодалон æхсæнады социалон дихдзинад,

мæгуыр, æфхæрд адæмы сæрвæтау тох, лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад,

адæймаджы ном хъахъхъæнын, æмбалдзинад,

хъæбул æмæ ныййарæг мады ’хсæн ахастытæ,

хистæр æмæ кæстæры ’хсæн ахастытæ,

хистæр æмæ кæстæры ’хсæн ахастытæ, æгъдау æмæ æфсарм, уарзондзинад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарстатæ иууылдæр сты ахсджиаг, æнæмæнг равзаринаг. Фæлæ программæ се ’ппæтыл æрдзурынæн фадæттæ кæй нæ дæтты, уымæ гæсгæ лæвæрд проблемæтæй ахуыргæнæг æвзары, сæйрагдæртæ йæм кæцы кæсы, уыдон æмæ сæ алыварс цæттæ кæны ныхасы-тематикон уроктæ.

Достарыңызбен бөлісу:




©dereksiz.org 2024
әкімшілігінің қараңыз

    Басты бет