Урочы темæ: Хетæгкаты Къоста, «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Урочы хæстæ



Дата27.06.2016
өлшемі60.46 Kb.
#161892
Урочы темæ: Хетæгкаты Къоста, «Бирæгъ æмæ хърихъупп».

Урочы хæстæ:

1. Басняйы текст равзарын.

2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын.

3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй сты, ууыл.



Урочы фæлгонц: презентаци «Хетæгкаты Къостайы баснятæ», нывтæ баснятæм, Д.Ожегов «Энциклопедия для детей», Абайты Васойы дзырдуæттæ, чингуытæ.

Урочы цыд:

1.СКЪОЛАДЗАУТЫ СРАЗÆНГАРД КÆНЫН УРОЧЫ АРХАЙЫНМÆ.

Ахуыргæнæг:

Сусæгæй уын æз зæгъон

Иу цымыдисаг хабар:

Царды хин æмæ фæлывд

Ма хъуамæ уа мачи!

Науæд худинаджы гакк

Махыл дæр сбаддзæн.

- Абон нæ урочы æрдзурдзыстæм литературæйы жанртæй иу- басняйыл.

2. РАЦЫД ÆРМÆГЫЛ КУСГÆЙÆ, КЪУЫЛЫМПЫТÆ КÆМ ÆЙЙАФЫНЦ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН.

1) аргъæутты тæххæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.

- Фæлæ уал раздæр зæгъут, цы уын уыди хæдзармæ лæвæрд? (Хетæгкаты Къоста, «Лæскъдзæрæн»). Аив ма йæ бакæсæм (скъоладзаутæй иутæ кæсынц, иннæтæ та сын æвæрынц бæрæггæнæнтæ).

- Интонацийы фæрцы нæ бон баци геройты характер равдисын?

- Зæрдыл æрлæууын кæнæм, цавæр жанрæй фыст у уацмыс? (литературон аргъау).

- Цы хонæм аргъау? Цæмæй хицæн кæны литературон аргъау?

2) басняйы тыххæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын:

а) - Цавæр жанртимæ ма стут зонгæ?

- Цавæр баснятæ зонут, æмæ чи у сæ автор? (И.Крылов «Стрекоза и Муравей», Л.Толстой «Старый дед и внучек» и др.)

- Басня радзырдмæ хæстæгдæр лæууы æви аргъаумæ? (аргъаумæ)

- Цæмæй хицæн кæнынц баснятæ?

- Абарæм-ма уæ зонындзинæдтæ сывæллæтты энциклопеди «Что такое? Кто такой?»- йы цы фыст ис, уыимæ (Кæсæм с.134–135, том 1).

БАСНЯ– это литературный жанр, в виде краткого рассказа, нередко стихотворный, всегда нравоучительного характера, что роднит ее с притчей (поучение в иносказательной форме). В начале или чаще в конце произведения сформулирован вывод, основная поучительная мысль – мораль. Герои басни не только люди, но и животные, растения, птицы, рыбы, вещи. Этот прием называется олицетворением, а способ, которым выражена мысль в басне, - «эзоповским» языком.

Что же это за язык такой? Давно, две с половиной тысячи лет назад, жил в Древней Греции раб по имени Эзоп. Остроумие и находчивость прославили его имя в веках. Считается, что он первым начал сочинять басни – открыл язык иносказания, когда поэт высказывается не прямо, а намеками.

Басни Эзопа были переложены на латинский язык. Позже они стали достоянием всех европейских литератур и явились основным источником басенных сюжетов разных баснописцев, от француза Лафонтена до русского Крылова.

В России басня стала широко распространятся уже с середины 18-го в. Но своего расцвета она достигла лишь у И.А.Крылова. Каждая его басня – это отражение какого-то события, свидетелем которого был он сам.

И поныне в многонациональной литературе басня продолжает жить как сатирический жанр, где словам тесно, а мыслям просторно.

Хатдзæг:

- Уæдæ цы хонæм басня?

(Басня – асæй чысыл таурæгъон уацмыс. Фылдæр хатт фыст вæйййы æмдзæвгæйы хуызы, æвдыст дзыæ фæцæуынц адæймаджы фауинаг миниуджытæ, йæ хъæндзинæдтæ.

- Цæмæй хицæн кæны басня литературæйы иннæ жанртæй ?



(Басняйæн йæ райдайæны кæнæ йæ кæроны вæййы исты зондамынд- мораль. Уацмысы хъуыды баст вæййы уыцы зондамондимæ. Басняйы архайджытæ вæййынц цæрæгойтæ æмæ суанг æнæуд предметтæ дæр).
б) -Мæн фæнды сымах «басняйы фыд» Эзопимæ базонгæ кæнын, æмæ-иу зæгъут, цы нымадта сæйрагдæрыл йæ царды.

Эзоп – родился в Древней Греции, в области северно-западной части Малой Азии (Фригия) в 6 веке до нашей эры. Об Эзопе нет достоверных сведений, зато легенд – множество. Говорят, что он был рабом и калекой, что жил во времена Креза – царя Лидии, правившего в 6 в. до н.э. – на острове Самос. Эзоп был очень умным и смелым человеком. За его ум ему дали вольную, т.е. он стал вольным человеком и служил при дворе самого царя. Но за смелые слова и вольные мысли он был осужден и приговорен к смертной казни. Его бывший хозяин хотел помочь Эзопу избежать смерти, но для этого Эзоп должен был признать себя рабом и опять попасть в рабство. Но Эзоп сказал: «Я очень долго мечтал о воле, о свободе. Поэтому, лучше умру я вольным человеком, чем буду жить рабом».

Ахуыргæнæг: Лæмбынæг бакæсæм ацы ныхæстæ.

- Уæдæ цы нымадта Эзоп царды æппæтæй зынаргъдæрыл?



3. НОГ ÆРМÆГМÆ ХЪУСГÆЙÆ, ЦЫ КЪУЫЛЫМПЫТЫЛ ÆМБÆЛДЫСТЫ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН.

(Бацæттæ кæнын инсценировкæ басня «Халон æмæ рувас»-æй)

- басняйæн йæ хъуыды цæй мидæг ис?

Скъоладзауты дзуæппытæ:

1. Давæггаг фарсыл нæ хæцы.

2. Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы, æмæ а.д.

- Иу хъуыдымæ цæуылнæ æрцыдыстут? (Нæ зонæм раст аргъ кæнын басняйы хъуыдыйæн)

- Фæнды уæ базонын? (О.)



Басняйы анализ

1. Лæмбынæг бакæсын басня. Басняйы цыд мæ цæстытыл ауайын кæнын.

2. Сбæрæг кæнын сæйраг архайджыты. Сæ митæн сын аргъ скæнын.

3. Цавæр хъæндзинæдтæ æмæ аиппытыл худы автор?

4. Автор мын мæ цæстæнгас цæмæ здахы.

5. Сбæрæг кæнын басняйы хъуыды.


4. ЗЫНДЗИНАД (ЦÆЛХДУР) КÆНÆН ИС, УУЫЛ АХЪУЫДЫ КÆНЫН, ПРОЕКТЫ ХУЫЗЫ ЙÆ ÆРФЫССЫН.

(алы скъоладзаумæ дæр ис басняйы анализы схемæ)

- Куыд уæм кæсы, нæ урочы нысан цавæр у?

(Басняйы хъуыды раст æвзарын).

- Цы басня бакастыстут, уым автор адæймагæн йæ цавæр аиппытыл худы?

- Цы зæгъынмæ хъавыд автор?

- Скæнæм ма хатдзæг.



(Скъоладзаутæ сæхи хъуыдытæ барынц авторы хъуыдыимæ).

- Уæ бон баци басняйы мораль раст сбæрæг кæнын? (Баци.)

- Цы уын феххуыс, раст хатдзæг скæнынæн? (Баснямæ байхъуыстам, автор цы аиппытæ æмæ хъæндзинæдтыл худы, уыдон сбæрæг кодтам, ахъуыды кодтам, цы зæгъынмæ хъавыд, ууыл).

5. ПРОЕКТ БАХХÆСТ КÆНЫН.

Беседæ:


- Адæймагæн йæ цавæр аиппытыл худы автор?

- Хи ныхæстæй радзурут басняйы сæйраг хъуыды

- Разы стут уе ’ппæт дæр ацы зондамындимæ?

6. ПРОЕКТЫЛ КУЫСТ ЦАС ÆНТЫСТДЖЫН РАУАД, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН.

1). Къорды куыст.

Скъоладзаутæ чиныгæй кæсынц басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп».

- Цавæр ныхæстæй райдайы басня?

- Цавæр бæллæхы бахауд бирæгъ æмæ куыдæй?

- Чи фервæзын кодта бирæгъы мæлæтæй?

- Цы агуры хърихъупп?

- Цы дзуапп радта бирæгъ?

- Цавæр адæймæгтыл фыст у басня?

- Цавæр ирон æмбисæндтæ уын уæ зæрдыл æрлæууын кодта Къостайы басня? («Хорз ма ракæн, æмæ фыд ма ссарай», «Хæрзгæнæг хорз нæ ары», «Хорз бæсты нæ цæуы»)

-Разы стут æмбисæндты хъуыдыимæ?

- Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрд, басня кæсгæйæ?

- Кæцы рæнхъыты æвдыст æрцыд басняйы хъуыды?



2) Дыгæйттæй куыст.

-Аив кæсынц цæсгæмттæм гæсгæ

-Скъоладзаутæ кæрæдзийæн дзурынц сæ хъуыдытæ

7. СКЪОЛАДЗАУТЫ ХИБАРÆЙ КУЫСТ; ХИ РАСТ КÆНЫНЫНМÆ КУЫД АРÆХСЫНЦ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН.

- Чи сты басняйы сæйраг архайджытæ?

- Архайджыты нæмттæ стыр дамгъæйæ фыст цæмæн сты?

- Ранымайын сæйраг архайджыты миниуджытæ?

- Басняйы мораль зæрдыл æрлæууын кæнын.

- Уæ зæрдæмæ фæцыд баснятæ кæсын?

-Сымах дæр уæ царды ахæм уавæры бахаудтат?

- Ацы уавæрмæ гæсгæ уæхæдæг ныффыссиккат басня?



8. ÆРМÆГ БАФИДАР КÆНЫНЫЛ КУЫСТ.

- Цы у басня?

- Басняйы хицæндзинæдтæ цæй мидæг сты?

- Куыд ис басняйы мораль (зондамонæн) сбæрæг кæнæн?



Ахуыргæнæджы хатдзæг.

Хæдзармæ куыст: Басняйы хъуыдымæ гæсгæ уæхæдæг бацархайут басня ныффыссын.

9. ÆРМÆГ КУЫД БАМБÆРСТОЙ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН (РЕФЛЕКСИ).

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

- Сæххæст æй кодтам?

- Зæгъут уæ хъуыдытæ.

Дзуапп дæтгæйæ, пайда кæнынц хъуыдыйæдтæй:

- Æз урочы сахуыр дæн…

- Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ …

- Урок мæм фæкаст цымыдисаг …

- Æз ахъуыды кодтон …

10. СКЪОЛАДЗАУТЫ КУЫСТÆН БÆРÆГГÆНÆНТÆ СÆВÆРЫН.

- Мæ зæрдæмæ фæцыд куыд куыстой …



- …. уыдысты активон.

- … сымах ма хъæуы уæхиуыл бакусын

Достарыңызбен бөлісу:




©dereksiz.org 2024
әкімшілігінің қараңыз

    Басты бет