В. И. Абаева филиал Федерального государственного бюджетного учреждения науки Федерального научного центра «Владикавказский научный центр Российской академии наук» информационные технологии в фольклористике сборник



Pdf көрінісі
бет23/101
Дата16.01.2023
өлшемі2.42 Mb.
#468444
түріСборник
1   ...   19   20   21   22   23   24   25   26   ...   101
sokaevasbornik2018

Литература
1. Адыгские загадки. Адыгэ къуажэхьхэр / Составление, предисло-
вие, комментарии и перевод на русск. яз. З.Ж. Кудаевой. Нальчик: Эль-
брус, 1997. 160 с.
2. Адыгские пословицы (поговорки). Адыгские загадки и скорого-
ворки… Собр. Паго Тамбиевым. СМОМПК. Вып. XXVI. Отд.III. Тиф-
лис, 1899. С. 1-78.
3. Кудаева З.Ж. Адыгская паремия: система, поэтика. Нальчик: Эль-
брус, 2001. 88 с.
4. Кудаева З.Ж. Паремиологические жанры адыгского фольклора. 
Дисс. … канд. филол. наук / Институт мировой литературы им. А.М. 
Горького РАН. Москва, 1986. 209 с. 
5. Кудаева З.Ж. Загадки в традиционной культуре адыгов // Научное 
обозрение: гуманитарные исследования. 2016. №3. С. 162-168.
6. Пермяков Г.Л. От поговорки до сказки. Заметки по общей теории 
клише. М.1970. 240 с. 
Асаты Æ.Н. 
ИРОН АЛÆМÆТЫ АРГЪАУЫ ХЪАЙТАРТЫ ХУЫЗТÆ: 
АМОНÆДЖЫ ÆРМÆГÆН ОБРАЗ ГЕРОЯ ОСЕТИНСКОЙ 
ВОЛШЕБНОЙ СКАЗКИ: МАТЕРИАЛЫ ДЛЯ УКАЗАТЕЛЯ
Аннотация. Данное научное исследование посвящено анализу обра-
за героя осетинской волшебной сказки, достигающего своей цели благо-
даря участию чудесных средств и помощников. Как показал анализ, герои 
этого типа в осетинской волшебной сказке характеризуются по социальной 
принадлежности. Герой может быть как сыном бедняка или сыном бедной 
вдовы, так и сыном алдара, царя или хана. Но, каким бы ни было социаль-
ное положение героя, главным является то, что и сын бедняка, и сын алда-
ра достигают поставленной цели благодаря чудесным помощникам. При 
этом чудесными помощниками могут стать как простые люди, так и люди, 
наделенные необычными способностями. Кроме того, помощниками ге-
роя осетинской волшебной сказки становятся и благодарные животные. 
Ключевые слова: осетинский фольклор, волшебная сказка, герой, чу-
десное средство, чудесный помощник, сюжет, соответствия, общие и спец-
ифические элементы.
Annotation. This scientific study is devoted to the analysis of the image of 
the hero of the Ossetian fairy tale, achieving its goal through the participation 
of wonderful tools and helpers. As the analysis has shown, the heroes of this 


40
type in the Ossetian fairy tale are characterized by their social affiliation. A hero 
can be either the son of a poor man or the son of a poor widow, or the son of 
Aldar, the king or the Khan. But, whatever the social status of the hero, the 
main thing is that both the son of a poor man and the son of Aldar achieve their 
goal thanks to wonderful assistants. At the same time, both ordinary people 
and people endowed with unusual abilities can become wonderful assistants. 
In addition, grateful animals become assistants to the hero of the Ossetian fairy 
tale.
Keywords: Ossetian folklore, fairy tale, hero, miraculous means, wonderful 
helper, plot, correspondences, general and specific elements.
Кавказы адæмты алæмæты аргъæутты персонажты фæлгонцтæн 
характеристикæ раттыны фыццаг фæлварæнтæ хауынц XVIII-æм 
æнусмæ. Уыцы рæстæджы мыхуыры фæзындысты ирон, адыгейаг æмæ 
Кавказы æндæр адæмты аргъæуттæ.
Мыхуыры цы къорд куысты рацыд, уыдоны мидисы зынгæ бынат 
ахсынц аргъауон персонажты фæлгонцтæ. Ацы куыстыты алæмæты 
архайджытæ æвзæрст цæуынц аргъауон сюжетæй иртæстæй. Уый раст 
нæу. Алæмæты аргъауы кæцыфæнды архайæджы фæлгонц дæр рабæрæг 
вæййы йе сгуыхтдзинæдты æрфыстæй, алыхуызон уавæрты йæхи куыд 
дары, уымæй, стæй ма иннæ архайджытимæ æмахастыты.
Ацы куысты бæрæггонд æрцыд, ирон алæмæты аргъауы 
архайджытæ сæ алыхуызон хъуыддæгты, мидбыцæуты, цардæвзарæнты 
сæхи куыд дарынц, уый, уымæн æмæ уымæй равзæрынц сюжет аразæг 
цаутæ. Зындгонд фольклорист А.И. Алиева йæ монографийы афтæ 
фыссы: «Художественно цельный образ любого персонажа волшебной 
сказки складывается из описания различных его поступков и действий, 
поведения в разных ситуациях, во взаимоотношениях с другими 
персонажами» [1, 61].
Ирон алæмæты аргъауы архайджыты системæ æвзæрст æрцыд, ирон 
аргъаумæ типологион æгъдауæй хæстæгдæр цы аргъæутты системæ у 
(абхазаг æмæ адыгейаг), уыимæ йæ абаргæйæ, æмæ йæм дарддæр цы 
системæ у (скæсæйнаг-славяйнаг), уыимæ йæ æрæмных кæнгæйæ. Ахæм 
абарст феххуыс уыдзæн ирон алæмæты аргъауы архайджыты нывæсты 
хицæндзинæдтæ рабæрæг кæнынæн, стæй, ирон, абхазаг æмæ адыгъейаг 
алæмæты аргъæутты иумæйагæй цы ис, уый равдисынæн. 
Аргъауон цаутæ баст сты сæйраг архайæгимæ, уыимæ ахастыты 
раргом вæййынц иннæ персонажты æууæлтæ дæр. Аргъауы «иннæ 
архайджытæ зилынц сæйраг хъайтары алыварс, чысыл планетæтæ 
Хуры алыварс куыд зилдух кæнынц, афтæ. Уыдонæн кæд цыфæнды 
сæрмагонд удыхъæд ис, уæддæр сæ алы фæзынд æмæ ныхасæй дæр 
арæзт сты, сæйраг персонажы удыхъæды миниуджытæ ирддæрæй æмæ 


41
æххæстдæрæй цæмæй разыной, уымæ» [2, 299]. Иртæстгонд æрцыдысты 
ирон алæмæты аргъауы сæйраг хъайтарты алыхуызон типты зынгæ 
хицæндзинæдтæ – уыдон нырмæ фылдæр хатт амынд цыдысты æнæ 
хицæнгондæй, иумæ; аргъауон текстты цы информаци ис (хъайтарты 
тыххæй), уымæй пайдагæнгæйæ, ирон алæмæты аргъауы хъайтартæн 
лæвæрд æрцыд характеристикæ.
Алæмæты хъайтарты хицæн хуызтыл дихгæнгæйæ хынцын хъæуы, 
хъайтар йæ размæ æвæрд нысан æххæст кæнгæйæ цавæр мадзæлттæй 
фæпайда кæны, уый: йæ уæйыгон тых кæнæ йæ алæмæты миниуджыты 
руаджы, æви йæ диссаджы æххуысгæнджыты фæрцы. Ацы хъуыддаг 
зæрдыл даргæйæ рахицæн кæнæн ис аргъауон хъайтары ахæм хуызтæ:
1) богал-хъайтар;
2) “иронический удачник” (А.М. Горький);
3) диссаджы фæрæзтæ кæнæ æххуысгæнджыты фæрцы йæ нысан чи 
сæххæст кæны, ахæм хъайтар.
Ацы æртæ типы “сыгъдæг” хуызы ссарæн нæй. Уымæй уæлдай, 
алыхуызон типты хъайтарты æууæлты æмиуад иу архайæджы фæлгонцы 
æнæмæнг у: богал-хъайтарæн арæх баххуыс кæнынц диссаджы 
æххуысгæнджытæ, “иронический удачник” та хайджын вæййы богалы 
миниуджытæй. Фæлæ фылдæр хатт æртæ типæй иуы æууæлтæ сæйрагдæр 
свæййынц, æмæ уый фæрцы нæ бон у, цы аргъæуттæ æвзарæм, уыдоны 
хъайтарты кæрæдзийæ фæхицæн кæнын [3].
Йæ нысан диссаджы æххуысгæнджыты руаджы чи сæххæст кæны, 
ахæм хъайтарыл фембæлæн ис куыд ирон алæмæты аргъæутты («Борæты 
къулбадæджы фырт æмæ мæличчы фырт», «Мæгуыр лæг æмæ йæ ус», 
«Арвы айдæн»), афтæ абхазаг («Рыбка», «Птичка и яблоня», «Салусан, 
Псыдз – Салусан», «Кулук-Салусан и Кайтамур», «Джаным, Джаткяр 
и их сестра Куара», «Сыновья вдовы») æмæ адыгъейаг («Жестокий 
пши», «Приключения Камболета», «Ханская дочь и охотник», «Сказка 
о красавице Тлетанай», «Болотоко Джанкимии», «Кадир», «Похождения 
молодого князя», «Приключения молодого пши») аргъæутты дæр.
Аргъауы бæрæггонд цæуы хъайтары æхсæнадон равзæрд: кæцыдæр 
аргъæутты вæййы «мæгуыр лæджы фырт» («Мæгуыр лæг æмæ ус», 
«Мæгуыр лæджы æртæ лæппуйы аргъау», «Мæгуыр лæджы фырт», 
«Арсен», «Эрзерумаг цуанон») кæнæ мæгуыр идæдз зæронд усы фырт: 
«хуыгæс усы фырт» («Мæгуыр ус æмæ лæг»), «идæдз усы авд фырты» 
(«Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры»), «къулбадæг усы фырт» («Хæтæг 
Барæг»), «Борæты къулбадæджы фырт» («Борæты къулбадæджы фырт 
æмæ мæличчы фырт»), науæд та – æлдары, паддзахы, ханы кæнæ мæличчы 
фырт: «æлдары фырт» («Роны аргъау»), «паддзахы лæппу» («Хъæдын 


42
Бæлон»), «мæличчы фырт» («Борæты къулбадæджы фырт æмæ мæличчы 
фырт»), «ханы фырт» («Ханы фырт», «Сау æлдары аргъау»). Фæлæ 
хъайтарæн йæ æхсæнадон уавæр сæйраг нæу, уый у æххуысгæнæг мотив, 
уымæн æмæ мæгуыр лæджы фырт дæр æмæ æлдары фырт дæр сæ нысан 
сæххæст кæнынц диссаджы æххуысгæнджыты фæрцы. 
Аргъауон архайæджы æххуысгæнджытæ вæййынц: хуымæтæг адæм 
– «фыййæуттæ», «галгæстæ», «бæхгæстæ» («Æрæджиау æмæ йæ авд 
æфсымæры»), къулбадæг ус («Арвы айдæны аргъау»); æмæ æнахуыр 
миниуджытæй æххæст адæм («Борæты къулбадæджы фырт æмæ 
мæличчы фырт», «Мæгуыр лæджы фырт», «Иунæг»).
Уыимæ ма ирон алæмæты аргъауы архайæгæн æххуысгæнджытæ 
свæййынц, лæггад дзы чи зоны, уыцы сырдтæ æмæ цæрæгойтæ – бирæгъ, 
рувас, кæф, цæргæс («Арвы айдæн», «Æлдары æртæ чызджы æмæ æртæ 
лæппуйы аргъау»). Хъайтары æххуысгæнджыты рæнхъы бæрæгæй зыны 
йæ æнувыд бæхы фæлгонц. Фылдæр хатт бæх хайджын у адæймаджы 
æууæлтæй (антропоморфизм). Бæх у æххуысгæнæг, уынаффæгæнæг, 
зондамонæг, фæндагамонæг. Бахъуыды заман свæййы тохгæнæг дæр. 
Нарты кадджыты дæр бæх аргъауон бæхы миниуджытæй хайджын 
у. Зæгъæм, «Созырыхъойы бæх зондджын уыдис» [4, 566]. Кадджытæй 
иуы Хæмыцы фырт бæхыл афтæ бацин кæны: «Уæ, Хуыцауы конд хорз 
фос! Æгайтма дын дзых ис мемæ дзурынæн». Зындгонд у Батрадзы 
бæхы сæрæндзинад: «…уымæн дæр йæ уæлахизтæ фылдæр æнтысынц 
йæ бæхы фæрцы» [5, 15]. Уый бæрæг у йе знаджы ныхасæй дæр: 
«Йæхæдæг цы у, йæхæдæг! Фæлæ уымæй æртæ хатты домбайдæр у йæ 
бæх. Уыдонæн тыхгæнæг тых не ссардзæн» [6: 180]. Батрадз балцы куы 
рараст, уæд æй йæ бæх афтæ бафарста: «Нур кумæ цæуис? Фæндаг зонун 
хорз æй». Æндæр кадæджы базонæм Уырызмæджы бæхы æууæлтæй иу: 
«Орузмæгæн æ бæх адæймаги æвзагæй æнхæст адтæй». Куыд федтам, 
афтæмæй бæх, диссаджы æххуысгæнджыты æххуысæй чи пайда кæны, 
канд уыцы хъайтарæн нæ, фæлæ богал-хъайтары æххуысгæнæг дæр.
Æмæ куыд нæ уа афтæ?! Аргъауон хъайтар искæй интерестæ йæхи 
уæттæй уæлдæр æвæры. Йæ Фыдыбæстæйæн æмæ йæ уарзон адæмæн 
куы нæ лæггад кæна, уæд ын йæ цард царды ад дæр куы нæ кæны. 
Бахъуыды заман йæ хъуыддæгтæ æмæ фæндтæ ферох рæны, æмæ сын 
раст Плиты Грисы загъд фæкæны:
Ма сæфут, мæ бæллицтæ, мæ сæнттæ,
Фарн куы уа, фæзындзынæн уæм уæд.
Æмбисондæн баззад: «Хорздзинад сарæзтай, – ферох æй кæн». Ацы 
æмбисонды зондыл амайы йæ цард аргъауон хъайтар дæр:
Æмæ цас фылдæр хæрзиуæг кодта, 


43
Уыйас ыл хæрзиуджытæ æфтыд:
Хорз куы кодта, – ницы хорз ын домдта,
Æмæ йын мæгуыргæнæн нæ уыд!
Диссаджы æххуысгæнджыты руаджы чи сæххæст кæны йæ нысан, 
уыцы хъайтар типологион æгъдауæй характерон у скæсæйнаг-славяйнаг 
аргъауæн дæр – «Иван-царевич».
Диссаджы æххуысгæнджытæ кæмæн разыны, уыцы æвæрццæг 
персонажты хыгъдмæ ма хауынц æнахуыр миниуджытæй æххæст 
хъайтартæ дæр: «Мæгуыр лæг æмæ йæ ус». Абарæм: абхазаг аргъауы: 
«Сказка о трех братьях и агулшапе»; адыгъейаг: «Мужество семи сыновей 
вдовы». Æнахуыр миниуджытæй æххæст хъайтартæ иунæджытæй нæ 
фæархайынц – иууылдæр иумæ куы бацархайынц, æрмæст уæд сæххæст 
кæнынц сæ нысан.
Ирон алæмæты аргъауы хъайтарты æхсæн сæйраг бынат ахсынц 
богал-хъайтартæ. Бæрæггонд цæуынц уыцы иу миниуджытæй: æнахуыр 
райгуырд, уæйыгон тых. Ирон алæмæты аргъауы иннæ хуызы хъайтар 
(«иронический удачник») дæр хайджын вæййы богал-хъайтары 
миниуджытæй.
Фыццаг æмæ дыккаг хуызы хъайтартæ (богал-хъайтар æмæ 
«иронический удачник») æртыккаг хуызы хъайтарæй (йæ нысан 
диссаджы æххуысгæнджыты руаджы чи сæххæст кæны), хицæн кæнынц 
уымæй, æмæ ирон аргъауы хъайтар, фыццаджыдæр, хайджын вæййы 
хохаг лæджы æппæт идеалон миниуджытæй, уый алы хъуыддаджы дæр 
æххæст кæны национ этикеты домæнтæ. Уый кад кæны хистæртæн, у 
уæздан – куы фесгуыхы, уæддæр нæ бæллы номдзыд суæвынмæ, фæлæ, 
йæ нысан æххæст кæнгæйæ, адарддæр кæны йæ фæндаг. Аргъауон 
хъайтары фæзминаг æууæлтæй иу у сылгоймагæн аргъ кæнын. Немыцаг 
гуманист В. Гумбольдт загъта: «Нравственность народов зависит от 
уважения к женщине» [7, 174]. 
Ирон этикет нæлгоймагæй домы сылгоймагæн аргъуц кæнын. 
Хъайтар сылгоймагимæ ахастыты у æфсармджын: кæй фервæзын кодта, 
уыцы æртæ хойы кæстæр йæ разæй нæ комы уæлзæхмæ, фæлæ лæппу 
чызджы разæй схизын аккагыл нæ банымадта йæхицæн. Стыр аргъ кæны 
мадæн, уыимæ канд йæхионæн нæ, фæлæ æппæт мадæлтæн дæр. Лæгæй-
лæгмæ хæсты фыццаг æхсты бар ратты йе знагæн (йе знаг дзы хистæр 
куы вæййы, уæд). Традицион этикеты домæнтæ æххæст кæнынц куыд 
ирон, афтæ Кавказы æндæр адæмты аргъæутты хъайтартæ дæр (абхазаг, 
адыгейаг æмæ æнд.), уыимæ ма Нæртон хъæбатыртæ дæр [8].
Эстетикон идеалæн дæр фадат у йæ аразæг. Алæмæты аргъауы 
æмæ эпосы хъайтарты характеристикæйы сæйрагдæр сæ бæгъатырон 


44
миниуджытæ сты, уымæн æмæ тыхы заман дæр æмæ сабыр рæстæджы 
дæр «цард хæст у». Нæлгоймаг та у йæ Фыдыбæстæйы фарн æмæ йæ 
адæмы хъахъхъæнæг. Ацы хъуыды ирдæй зыны Нарты кадджыты дæр. 
Джыккайты Шамил йæ чиныджы фыссы: «Эпосы лейтмотивæй цæуы 
бæрзонд этикон хъуыды: адæймаг æххæст æмæ нæртон у æрмæст 
Фыдыбæстæйы; адæймаг йæ адæм æмæ йæ зæххæй иппæрдæй у æгад 
æмæ ницæйаг. Нартæн сæ цард дæр æмæ сæ мард дæр кадджын у 
æрмæст фыды уæзæгыл» [8, 62]. Ацы хъуыддаджы фæдыл Нартæ æмæ 
Донбеттыртæ фæбыцæу сты. Донбеттырты мад Æхсар æмæ Æхсæртæгæн 
нæ уадзы Дзерассæйы фурдæй зæхмæ акæнын: «Мæ чызг йæхи бар нæу, 
æмæ мæ коммæ бакæсут. Махæн сыджытыл райгуырæн нæй». Уыцы 
ныхасæн ын лæппутæ афтæ зæгъынц: «Махæн нæхимæ чи нæ райгуыра, 
уый мах нæхи дæр не ‘нхъæлæм». Æмæ лæппуты ныхас ацыд. Афтæ 
фидар уыд нæртон æгъдауы тых. 
Уæдæ, куыд федтам, афтæмæй аргъауон хъайтары фæлгонц амад у 
адæмы гуманистон идеалмæ гæсгæ. Æххæст у хохаг тохгæнæг лæджы 
хуыздæр миниуджытæй, йæ удыхъæд у рæсугъд æмæ хъæздыг, йæ зæрдæ 
– адæмуарзон, хæсты – хъæбатыр, йе ‘хсар мæгуыр лæгæн – зæрдæйы 
хох, тыхгæнæгæн та – рын, армæй хæстмæ – фыранк, уæздандзинадæй 
– Хæмыцы фырт Батырадз, ныхасмæ – Нæртон Уырызмæг, хъуыдыйæ – 
бæрзонд, рæстдзинадыл – æнувыд. Йæ иунæг бæллиц – «Лæджы бынат 
зæххыл». Уый фæдыл Джусойты Нафи йæ чингуытæй иуы афтæ фыссы: 
«Алы адæймагæн дæр уыцы бынат куы уа (ома лæджы бынат зæххыл), 
уæд уыдзæн барджын æмæ æмсæр адæймаг национ æхсæнады дæр æмæ 
æппæт дунейы нымады дæр. Лæджы ном æмæ лæджы бынат зæххыл, – 
уыдон куынæ уой, уæд адæймаг уыдзæн æвидыц æмæ æнæфарн» [9, 220].


Достарыңызбен бөлісу:
1   ...   19   20   21   22   23   24   25   26   ...   101




©dereksiz.org 2024
әкімшілігінің қараңыз

    Басты бет